7 Баззайут-иу уыцы хӕдзары ӕмӕ сӕм цы ис, уымӕй хӕрут ӕмӕ нуазут сымах дӕр, уымӕн ӕмӕ кусӕг у йӕ куыстӕн хӕрзиуӕг райсыны аккаг; хӕдзари-хӕдзар-иу ма зилут.
Уый уын — уӕ куысты ныхмӕ Фембӕлды Цатыры. Уӕхӕдӕг дӕр, уӕ бинонтӕ дӕр, кӕм уӕ фӕнды, уым ӕй хӕрут,
Загъта ма сын: «Цы хӕдзары-иу ӕрфысым кӕнат, уым-иу баззайут, цалынмӕ уыцы сахарӕй нӕ рацӕуат, уӕдмӕ.
Ӕмӕ дзы фарны аккаг адӕймаг куы уа, уӕд ыл уӕ арфӕ ӕрцӕудзӕн; куынӕ дзы уа, уӕд уӕ арфӕ фӕстӕмӕ раздӕхдзӕн уӕхимӕ.
Цыфӕнды хӕдзармӕ куы бацӕуат, уӕддӕр-иу дзы баззайут, цалынмӕ уырдыгӕй бынтондӕр нӕ рацӕуат, уӕдмӕ.
Йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕ дӕр донаргъуыд куы райстой, уӕд нӕм ӕрхатыд: «Кӕд мӕ, Бардарӕгыл иузӕрдион чи у, ахӕмыл нымайут, уым рацӕут мӕ хӕдзармӕ ӕмӕ цӕрут мӕнмӕ». Ӕмӕ нӕ сразы кодта.
Павел ӕмӕ Силӕйы бахуыдта йӕ хӕдзармӕ, фынг сын ӕрӕвӕрдта ӕмӕ цин кодта йе ’ппӕт хӕдзаронтимӕ, Хуыцауыл кӕй баууӕндыдысты, уый тыххӕй.
Павел ӕмӕ Силӕ ахӕстонӕй ӕрцыдысты Лидиайы хӕдзармӕ. Уым фембӕлдысты ӕфсымӕртимӕ, ныфс сӕ бауагътой ӕмӕ араст сты дарддӕр.
Хуыцауы ныхас кӕмӕн амындӕуы, уый йӕ цавӕрфӕнды исбонӕй дӕр хай кӕнӕд ахуыргӕнӕгӕн.
Ӕмӕ-иу цин кӕнӕнт уемӕ Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, уӕ фырттӕ ӕмӕ уӕ чызджытӕ, уӕ цагъартӕ сылгоймагӕй, нӕлгоймагӕй ӕмӕ, уе ’хсӕн зӕххӕй дӕр ӕмӕ исбонӕй дӕр хай кӕмӕн нӕй, уыцы левиттӕ.
уӕд ын уыдонимӕ ӕмхуызон хай ис, йӕ фыды бынтӕ йын цӕрынваг куы кӕной, уӕд дӕр.
Уыимӕ ма фӕцалх вӕййынц ӕвдӕлон цардыл ӕмӕ хӕдзари-хӕдзар зилыныл; свӕййынц канд ӕвдӕлон нӕ, фӕлӕ дзӕгъӕлдзых, сӕхи тъыссынц кӕйдӕр хъуыддӕгты, фӕдзурынц, цы не ’мбӕлы, уыдӕттӕ.
Цы хор ӕрзад, уымӕй хай фыццаг хъуамӕ ӕрхауа, чи йыл фыдӕбон кодта, уыцы зӕхкусӕгмӕ.