5 Цы хӕдзармӕ бацӕуат, уым уал-иу фыццаг зӕгъут: „Фарн ацы хӕдзары!“
Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ Мӕ дзыхы ныхасӕй дӕр стаудзысты. Ратдзынӕн сын амонд ӕмӕ фарн — дард чи у, уыдонӕн дӕр, ӕмӕ, хӕстӕг чи у, уыдонӕн дӕр. Се ’ппӕты дӕр сӕ къахыл слӕууын кӕндзынӕн», — афтӕ зӕгъын Ӕз — Дунедарӕг.
Уемӕ фӕндагмӕ ма райсут нӕдӕр ӕхцайы чыссӕ, нӕдӕр хордзен, нӕдӕр дзабыртӕ, стӕй салам дӕттынмӕ дӕр макӕмӕ ӕрлӕуут.
Ӕмӕ дзы фарны аккаг адӕймаг куы уа, уӕд ыл уӕ арфӕ ӕрцӕудзӕн; куынӕ дзы уа, уӕд уӕ арфӕ фӕстӕмӕ раздӕхдзӕн уӕхимӕ.
Йесо йын загъта: «Абон ацы хӕдзармӕ ирвӕзындзинад ӕрцыд, уымӕн ӕмӕ ацы адӕймаг дӕр Авраамы байзӕддагӕй у.
Хуыцау израилаг адӕмӕн рарвыста Йӕ ныхас — Йесо Чырыстийы руаджы адӕмимӕ кӕй фидауы, уыцы Фарны Уац. Чырысти та у ӕппӕт адӕмы Бардарӕг.
Ӕмӕ куы ӕрцыди, уӕд ӕрхаста фидыды Фарны Уац сымахӕн, Хуыцауӕй дард чи уыди, уыдонӕн ӕмӕ Йӕм хӕстӕг чи уыди, уыдонӕн.
ӕмӕ йын зӕгъут: „Фарн дӕм бадзурӕд! Фарн дӕ хӕдзары дӕр ӕмӕ дӕ исбоны дӕр.