Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 10:41 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

41 Йесо йын дзуапп радта: «Марфӕ, Марфӕ, ды бирӕ цӕуылдӕртыл мӕт кӕныс ӕмӕ тыхсыс,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 10:41
13 Iomraidhean Croise  

Нӕ цард къаддӕр цы хъуыддӕгтӕй ӕмӕ цы ныхӕстӕй кӕны, уыдон бирӕ сты, ницы пайда сӕ ис!


фӕлӕ сын ӕй зӕххон царды мӕт, мулчы бӕллиц ӕмӕ ӕндӕр ахӕм монцтӕ сӕ быны фӕкӕнынц, ӕмӕ пайда нӕ ратты.


Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ дарддӕр Йӕ фӕндаг кодта ӕмӕ иу хъӕумӕ бафтыди. Уым Ӕй, Марфӕ, зӕгъгӕ, иу сылгоймаг йӕ хӕдзармӕ бахуыдта.


Марфӕйӕн та йӕ мӕт ӕгасӕй дӕр уыди, куыд хуыздӕр Ӕй суазӕг кӕна, ууыл. Бацыди Йесомӕ ӕмӕ Йын загъта: «Бардарӕг, мӕ хо мӕ иунӕгӕй лӕггадгӕнгӕ куыд ныууагъта, уый нӕ уыныс? Зӕгъ-ма йын, ӕмӕ мӕм фынг ӕвӕрынмӕ фӕкӕса».


Уый фӕстӕ Йесо загъта Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн: «Уымӕ гӕсгӕ уын зӕгъын: ма мӕт кӕнут нӕдӕр хойрагыл, нӕдӕр дарӕсыл.


Кӕсут уӕхимӕ, цӕмӕй уӕ зӕрдӕтӕ фырхӕрд, фырнозт ӕмӕ царды мӕтӕй ма ӕруӕззау уой ӕмӕ уӕ уыцы бон ӕвиппайды ма ӕрӕййафа.


Сындзыты ӕхсӕн чи ӕрхауд, уыдон та фехъусынц ныхас, фӕлӕ царды мӕт, мулк ӕмӕ зӕххон хиирхӕфсӕнтӕн сӕ быны фӕвӕййынц, ӕмӕ сын ницы пайда ӕрхӕссы.


Иу адӕймаг, йӕ ном — Лазыр, уыди рынчын. Уый уыди Вифанийӕ, Мариа йӕ хо Марфӕимӕ кӕм царди, уыцы хъӕуӕй.


Марфӕ, стӕй йӕ хо Мариа ӕмӕ Лазыр кӕд Йесойӕн уарзон адӕймӕгтӕ уыдысты,


Фынг Ын ӕрӕвӕрдтой, ӕмӕ сын Марфӕ лӕггад кодта, Лазыр та уыди, Йесоимӕ фынгыл чи бадти, уыдонимӕ.


Мацӕуыл мӕт кӕнут, фӕлӕ алы хатт дӕр кувут Хуыцаумӕ, лӕгъстӕ Йын кӕнут, арфӕ Йын кӕнгӕйӕ, ӕргом кӕнут уӕ фӕндиӕгтӕ,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan