Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 10:40 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

40 Марфӕйӕн та йӕ мӕт ӕгасӕй дӕр уыди, куыд хуыздӕр Ӕй суазӕг кӕна, ууыл. Бацыди Йесомӕ ӕмӕ Йын загъта: «Бардарӕг, мӕ хо мӕ иунӕгӕй лӕггадгӕнгӕ куыд ныууагъта, уый нӕ уыныс? Зӕгъ-ма йын, ӕмӕ мӕм фынг ӕвӕрынмӕ фӕкӕса».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 10:40
12 Iomraidhean Croise  

Куы баизӕр ис, уӕд Ӕм Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бацыдысты ӕмӕ Йын загътой: «Ам фӕсвӕд ран у, ноджы банафон ис. Ауадз адӕмы, уадз ӕмӕ хъӕутӕм ацӕуой ӕмӕ сӕхицӕн хӕринаг балхӕной».


Уӕд Ӕй Петр иуварс акодта ӕмӕ Йын уайдзӕф кӕнын райдыдта: «Хуыцау Дӕ бахизӕд уымӕй, Хицау! Уыцы бӕллӕх Дыл ма ӕрцӕуӕд!»


Йӕ хиуӕттӕ уый куы фехъуыстой, уӕд Ӕм ӕрбацыдысты, цӕмӕй Йӕ сӕхимӕ акӕной, уымӕн ӕмӕ афтӕ ӕнхъӕл уыдысты, цыма Йӕ зонд фӕцыд.


Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ дарддӕр Йӕ фӕндаг кодта ӕмӕ иу хъӕумӕ бафтыди. Уым Ӕй, Марфӕ, зӕгъгӕ, иу сылгоймаг йӕ хӕдзармӕ бахуыдта.


Йесо йын дзуапп радта: «Марфӕ, Марфӕ, ды бирӕ цӕуылдӕртыл мӕт кӕныс ӕмӕ тыхсыс,


Уӕдӕ цы хӕрат ӕмӕ цы нуазат, ууыл ма мӕт кӕнут ӕмӕ ма тыхсут.


Фӕлӕ сӕм Йесо Йе ’ргом разылдта ӕмӕ сын бауайдзӕф кодта: «Сымах, цавӕр монӕй хайджын стут, уый нӕ зонут.


Иу адӕймаг, йӕ ном — Лазыр, уыди рынчын. Уый уыди Вифанийӕ, Мариа йӕ хо Марфӕимӕ кӕм царди, уыцы хъӕуӕй.


Марфӕ, стӕй йӕ хо Мариа ӕмӕ Лазыр кӕд Йесойӕн уарзон адӕймӕгтӕ уыдысты,


Фынг Ын ӕрӕвӕрдтой, ӕмӕ сын Марфӕ лӕггад кодта, Лазыр та уыди, Йесоимӕ фынгыл чи бадти, уыдонимӕ.


Сӕфгӕ цы хойраг кӕны, ууыл ма тыхсут, фӕлӕ тыхсут, фесӕфӕн кӕмӕн нӕй ӕмӕ мыггагмӕйы цард чи дӕтты, уыцы хойрагыл. Уый уын ратдзӕнис Адӕймаджы Фырт, уымӕн ӕмӕ Йын ахӕм бар Фыд Хуыцау радта».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan