4 Уемӕ фӕндагмӕ ма райсут нӕдӕр ӕхцайы чыссӕ, нӕдӕр хордзен, нӕдӕр дзабыртӕ, стӕй салам дӕттынмӕ дӕр макӕмӕ ӕрлӕуут.
Авраамы цагъарӕн ӕрӕвӕрдтой фынг, фӕлӕ сын уый афтӕ: «Нӕ саходдзынӕн, цалынмӕ уын мӕ цыды сӕр раргом кӕнон, уӕдмӕ». Загътой йын: «Дзур».
Фӕлӕ сын Авраамы цагъар афтӕ: «Дунедарӕг мын мӕ хъуыддаг кӕм фӕрӕстмӕ кодта, уым мӕ мауал фӕстиат кӕнут. Ауадзут мӕ, ӕмӕ ме ’лдармӕ аздӕхон».
Йӕхӕдӕг уӕддӕр сыл хӕрӕгыл саргъ сӕвӕрдта ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕгӕн загъта: «Хӕрӕджы размӕ тӕр, ӕмӕ дын цалынмӕ зӕгъон, уӕдмӕ ма ӕрлӕуу!»
Елисей Гиезийӕн бафӕдзӕхста: «Дӕ рон ӕрбабӕтт, мӕнӕ дын мӕ лӕдзӕг дӕр, ӕмӕ, фӕстӕмӕ дӕр ма фӕкӕс, афтӕмӕй тагъд цӕугӕ Шунемы сахармӕ. Дӕ фӕндагыл мадӕр салам искӕмӕн ратт, мадӕр, салам дын чи зӕгъа, уымӕн исты дзуапп ратт! Ӕмӕ куыддӕр бахӕццӕ уай, афтӕ-иу мын мӕ лӕдзӕг лӕппуйы цӕсгомыл ӕрӕвӕр!»
Дӕ цӕстытӕй размӕ кӕс, дӕ цӕстӕнгас размӕ сараз.
Йесо фӕсидти Йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинагмӕ ӕмӕ сӕ дыгӕйттӕй адӕмы ахуыр кӕнынмӕ ӕрвитын райдыдта, ӕнӕзӕгъинӕгты сурыны тых сын радта
Йесо сӕ бафарста: «Ӕз уӕ ӕнӕ ӕхцайы чыссӕйӕ, ӕнӕ хордзенӕй ӕмӕ ӕнӕ ивӕн дзабыртӕй фӕндагыл куы ӕрвыстон, уӕд истӕмӕй хъуаг ӕййӕфтат, мыййаг?» Уыдон Ын дзуапп радтой: «Ницӕмӕй».
Давид Ахимелехы бафарста: «Ам дӕм арц кӕнӕ кард нӕ разындзӕни? Мемӕ нӕдӕр мӕ кард райстон, нӕдӕр мӕ иннӕ хотыхтӕ, уымӕн ӕмӕ мын паддзахы фӕдзӕхст ӕвӕстиатӕй ӕххӕстгӕнгӕ уыд».