39 Марфӕйӕн уыди хо, йӕ ном — Мариа. Уый Йесойы дӕлфӕдтӕм сбадти ӕмӕ Йӕм лӕмбынӕг хъуыста.
Елисей дӕр аздӕхти Гилгалмӕ. Уӕд уыцы зӕххыл скодта ӕххормаг рӕстӕг, ӕмӕ уырдыгон пехуымпартӕ Елисеймӕ куы ӕрӕмбырд сты, уӕд уый йӕ лӕггадгӕнӕгӕн бафӕдзӕхста: «Стыр аг бауӕларт кӕн ӕмӕ пехуымпартӕн хъӕрмхуыпп афыц!»
Чи мӕм хъусы, ӕхсӕвӕй-бонӕй мӕ къӕсӕрӕй чи нӕ хизы, мӕ дуарӕй мын йӕ цӕст чи нӕ исы, уый тӕхудиаг у!
хъӕугӕ та ӕрмӕстдӕр иунӕг хъуыддаг кӕны. Мариа равзӕрста хуыздӕр хай, ӕмӕ йын ӕй ничи байсдзӕни».
Ӕртӕ боны фӕстӕ Йӕ Кувӕндоны ссардтой. Йесо бадтис ахуыргӕнджыты ӕхсӕн, хъуыста сӕм ӕмӕ сӕ алцӕмӕйты фарста.
Цы ӕрцыди, зӕгъгӕ, адӕм рафӕдис сты. Йесомӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ, дӕлимонтӕй чи фервӕзти, уыцы лӕджы, йӕ дарӕс — йӕ уӕлӕ, йӕ зонд — йӕхимӕ, афтӕмӕй Йесойы къӕхты раз бадгӕ куы федтой, уӕд тынг фӕтарстысты.
Иу адӕймаг, йӕ ном — Лазыр, уыди рынчын. Уый уыди Вифанийӕ, Мариа йӕ хо Марфӕимӕ кӕм царди, уыцы хъӕуӕй.
Ӕмӕ иудейӕгтӕй бирӕтӕ ӕрбацыдысты Марфӕ ӕмӕ Мариамӕ се ’фсымӕры зианы тыххӕй сын тӕфӕрфӕс ракӕнынмӕ.
Уӕд Мариа райста, нард кӕй хонынц, уыцы зайӕгойӕ конд зынаргъ хӕрздӕфгӕнӕны джиранка, байсӕрста дзы Йесойы къӕхтӕ ӕмӕ Йын сӕ йӕ дзыккутӕй ныссӕрфта. Хӕдзар байдзаг ис хӕрздӕфӕй.
«Ӕз дӕн иудейаг, райгуырдтӕн киликиаг Тарсы. Схъомыл дӕн ацы сахары, Гамалиелы къухы, бӕстон сахуыр кодтон нӕ фыдӕлты Ӕгъдау. Сымах уе ’ппӕт дӕр абон Хуыцауыл куыд ӕнувыд стут, ӕз дӕр Ыл афтӕ ӕнувыд дӕн.
Уарзон Ын сты Йӕ адӕм. Йӕ къухы — ӕппӕт сыгъдӕджытӕ. Ӕрзоныг кодтой Дӕ разы, Дӕ алы фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнынц.