Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 10:35 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

35 Дыккаг бон дыууӕ динары систа, фысымуаты хицаумӕ сӕ радта ӕмӕ йын загъта: „Дӕ цӕст ӕм фӕдар, ӕмӕ ма кӕд адонӕй уӕлдай бахардз кӕнай, уӕд дын сӕ, фӕстӕмӕ куы раздӕхон, уӕд бафиддзынӕн“.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 10:35
7 Iomraidhean Croise  

Мӕгуыр лӕгӕн чи ӕххуыс кӕны, уый Дунедарӕгӕн ӕфстау дӕтты, йӕ хорздзинад ын Дунедарӕг бафиддзӕн.


Цагъар та уырдыгӕй рацыд ӕмӕ фӕндагыл сӕмбӕлд, фондзыссӕдз динары дзы чи дардта, йӕ уыцы ӕмбалы. Ӕрцахста йӕ, ныххӕцыд ын йӕ хурхыл ӕмӕ загъта: „Цы мӕ дарыс, уый мын бафид“.


Уый кусджытимӕ бафидыдта бон фӕйнӕ динарыл, ӕмӕ сӕ арвыста йӕ сӕндонмӕ.


Бацыди йӕм, йӕ хъӕдгӕмттӕ йын сӕнӕй цӕхсадта, оливӕйы сойӕ сӕ байсӕрста, бабаста йын сӕ, стӕй йӕ сӕвӕрдта хӕрӕгыл, фысымуатмӕ йӕ баласта ӕмӕ ма йӕм уым дӕр базылди.


Абырджыты къухмӕ чи бахауд, уымӕн, дӕумӕ гӕсгӕ, уыцы ӕртӕйӕ хион чи уыди?»


Фӕлӕ куывд куы кӕнай, уӕд ӕрхон мӕгуырты, цӕнкуылты, къуылыхты ӕмӕ куырмыты.


Салам уын ӕрвиты мӕ фысым, ӕппӕт аргъуан кӕй хӕдзары ӕрӕмбырд вӕййы, уыцы Гайос. Саламтӕ уын сахары ӕхцафснайӕг Эрастӕй ӕмӕ не ’фсымӕр Квартӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan