Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 10:33 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

33 Уалынмӕ уыцы фӕндагыл иу самариаг фӕцӕйцыди. Лӕгмӕ куы бахӕстӕг ис ӕмӕ йӕ куы федта, уӕд ын фӕтӕригъӕд кодта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 10:33
14 Iomraidhean Croise  

Дӕ разы цӕмӕйдӕриддӕр фӕтӕригъӕдджын ӕмӕ фӕазымджын сты, уый сын ныббар, уацары сӕ чи акодта, уыдоны зӕрдӕ сӕм фӕфӕлмӕн кӕн, цӕмӕй сын фӕтӕригъӕд кӕной.


Байгом ӕй кодта, ӕмӕ дзы — саби. Сывӕллон куыдта, ӕмӕ йын фӕтӕригъӕд кодта. «Ай дзуттаг сывӕллон у», — загъта фараоны чызг.


Де ’мбӕлтты ӕмӕ дӕ фыды ’рдхӕрдты ма рох кӕн; уынгӕг заман дӕ хӕстӕджытӕм ма цу: дард ӕфсымӕрӕй хӕстӕг сыхаг — хуыздӕр.


Уыцы дыууадӕсы Йесо арвыста ахӕм фӕдзӕхстимӕ: «Ма бацӕут нӕдӕр муртаттӕгтӕм, нӕдӕр искӕцы самариаг сахармӕ,


Уӕд дӕуӕн, ӕз дын куыд фӕтӕригъӕд кодтон, афтӕ не ’мбӕлди де ’мбалӕн фӕтӕригъӕд кӕнын?“


Левит дӕр афтӕ: ууылты фӕцӕйцыд, федта йӕ ӕмӕ дарддӕр йӕ цыды кой кодта.


Бацыди йӕм, йӕ хъӕдгӕмттӕ йын сӕнӕй цӕхсадта, оливӕйы сойӕ сӕ байсӕрста, бабаста йын сӕ, стӕй йӕ сӕвӕрдта хӕрӕгыл, фысымуатмӕ йӕ баласта ӕмӕ ма йӕм уым дӕр базылди.


Йесо идӕдз усы куы федта, уӕд ын фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ йын загъта: «Ма ку».


Самариаг сылгоймаг Ын зӕгъы: «Ды иудейаг куы дӕ, уӕд мӕнӕй, самариагӕй, дон куыд курыс?» (Афтӕ та уымӕн загъта, ӕмӕ иудейӕгтӕ самариӕгтыл не ’рвӕссынц.)


Иудейӕгтӕ Йын загътой: «Уӕдӕ Дӕ мах самариаг ӕмӕ хӕйрӕджыты сайд дзӕгъӕлы хонӕм?»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan