Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 10:32 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

32 Левит дӕр афтӕ: ууылты фӕцӕйцыд, федта йӕ ӕмӕ дарддӕр йӕ цыды кой кодта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 10:32
8 Iomraidhean Croise  

Де ’мбӕлтты ӕмӕ дӕ фыды ’рдхӕрдты ма рох кӕн; уынгӕг заман дӕ хӕстӕджытӕм ма цу: дард ӕфсымӕрӕй хӕстӕг сыхаг — хуыздӕр.


Дӕ къӕбӕр адих кӕн стонгимӕ, рахау-бахаугӕнӕг мӕгуыры дӕ хӕдзармӕ бахон, гомгӕрцц адӕймагыл уӕлӕдарӕс скӕн. Дӕ адӕмӕй ӕххуысхъуаг чи у, уымӕй дӕхи ма аиуварс кӕн.


Афтӕ рауад, ӕмӕ уыцы фӕндагыл иу сауджын фӕцӕйцыди. Лӕджы федта, фӕлӕ йӕ иувӕрсты аивгъуыдта.


Уалынмӕ уыцы фӕндагыл иу самариаг фӕцӕйцыди. Лӕгмӕ куы бахӕстӕг ис ӕмӕ йӕ куы федта, уӕд ын фӕтӕригъӕд кодта.


Фӕлӕ Павел ныхъхъӕр кодта: «Дӕхицӕн знаггад ма ракӕн! Мах не ’ппӕт дӕр ам стӕм!»


Уӕд иууылдӕр синагогӕйы хицау Сосфеныл сӕхи ныццавтой ӕмӕ йӕ тӕрхондоны раз нӕмын райдыдтой. Фӕлӕ Галлион уый хъуыды дӕр не ’ркодта.


Адӕм сӕхи ӕмӕ ӕхцайӕ дарддӕр ницы уарздзысты, уыдзысты хиппӕлой, хъал, гуырымыхъхъ, сӕ ныййарджытӕм нӕ хъусдзысты, ӕбузн, ӕнӕхуыцау.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan