31 Афтӕ рауад, ӕмӕ уыцы фӕндагыл иу сауджын фӕцӕйцыди. Лӕджы федта, фӕлӕ йӕ иувӕрсты аивгъуыдта.
Лӕппу загъта: «Ӕнӕнхъӕлӕджы бафтыдтӕн Гилбоайы хохмӕ ӕмӕ федтон, Саул йӕ арцыл куыд ӕрӕнцой кодта ӕмӕ йӕм тохуӕрдӕттӕ ӕмӕ бӕхджынтӕ куыд баввахс сты, уый.
Мӕ уд мӕ мидӕг бастади, мӕ зӕрдӕ бандзыг ис.
Мӕгуыр лӕджы тӕригъӕддаг хъӕр фехъусгӕйӕ, йӕхи чи ныкъкъуырма кӕны, уый йӕхӕдӕг дӕр искӕд бон хъӕр кӕндзӕн, фӕлӕ йӕ ничи фехъусдзӕн.
Ноджы ма иу хъуыддаг федтон зӕххыл: тагъд чи згъоры, уый дугъы уӕлахиз нӕ кӕны; хӕсты, тыхджын чи у, уый нӕ рамбулы; куырыхонтӕм хойраг нӕй, зонджынтӕм — мулк; курдиат кӕмӕ ис, уымӕн аргъ ничи кӕны. Алкӕмӕн дӕр ис йӕхи рӕстӕг ӕмӕ хуыздӕр фадат.
Дӕ къӕбӕр адих кӕн стонгимӕ, рахау-бахаугӕнӕг мӕгуыры дӕ хӕдзармӕ бахон, гомгӕрцц адӕймагыл уӕлӕдарӕс скӕн. Дӕ адӕмӕй ӕххуысхъуаг чи у, уымӕй дӕхи ма аиуварс кӕн.
пехуымпартӕн сӕ рагуацтӕ мӕнг сты, се ’ххуысӕй сауджынтӕ хицауиуӕг кӕнынц, Мӕ адӕмӕн та уыдӕттӕ сты ӕхсызгон. Ӕмӕ ӕппӕт уыдӕтты фӕстӕ цы фӕуыдзыстут?
Байхъусут, сауджынтӕ! Байхъусут, израилӕгтӕ! Уӕ хъус ӕрдарут, паддзахы галуаны чи цӕры, уыдон! Ӕнхъӕлмӕ уӕм кӕсы тӕрхон, уымӕн ӕмӕ Мицпайы уыдыстут къӕппӕгау, Фаворы та — кӕсагахсӕн хызау.
Абырджытӕ искӕй размӕ куыд бабадынц, афтӕ Шехеммӕ фӕндагыл сауджынтӕ адӕмы марынц ӕмӕ ӕлгъаг митӕ кӕнынц.
Фӕлтау сымахӕй исчи Кувӕндоны дуӕрттӕ куы сӕхгӕнид, цӕмӕй Мын Мӕ нывондхӕссӕныл арт дзӕгъӕлы мауал судзат. Мӕ зӕрдӕ уӕ нӕ райы, уӕ нывӕндтӕ уын нӕ айсдзынӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.
Йесо йын дзуапп радта: «Иу лӕг Йерусалимӕй фӕцӕйцыди Йерихонмӕ ӕмӕ абырджыты къухмӕ бахауд. Уыдон ын раластой йӕ дарӕс, тынг ӕй фӕнадтой ӕмӕ йӕ ӕрдӕгмардӕй ныууагътой.
Левит дӕр афтӕ: ууылты фӕцӕйцыд, федта йӕ ӕмӕ дарддӕр йӕ цыды кой кодта.
Руф ацыд. Хуыммӕ бахӕццӕ ӕмӕ хуымгӕрдӕг адӕмы фӕстӕ ӕфсиртӕ уыгъта. Рауад афтӕ, ӕмӕ уыцы хуым разынди Елимелехы хӕстӕг Боазы.