Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 10:29 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

29 Фӕлӕ уый фӕндыд йӕхи сраст кӕнын ӕмӕ та Йесойы бафарста: «Хион та чи у?»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 10:29
11 Iomraidhean Croise  

Ӕмӕ уӕд Барахелы фырт Елигуйӕн йӕ маст рафыхти. Елигу уыдис Бузийы байзӕддӕгтӕй, Рамы мыггагӕй. Иовмӕ уымӕн смӕсты ис, ӕмӕ уый йӕхи Хуыцауӕй растдӕр хуыдта,


Цыма бынӕттон цӕрджытӕ сты, ахӕм цӕстӕй сӕм кӕсут. Уарзут сӕ, уӕхи куыд уарзут, афтӕ. Рох уӕ ма уӕд, уӕхӕдӕг дӕр Мысыры зӕххыл ӕрцӕуӕггӕгтӕ кӕй уыдыстут, уый. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау.


Йесо фӕдзырдта адӕммӕ ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм, ӕмӕ сын загъта: «Мӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕнды, уый йӕхи ферох кӕнӕд, райсӕд йӕ дзуар ӕмӕ рацӕуӕд Мӕ фӕдыл.


Абырджыты къухмӕ чи бахауд, уымӕн, дӕумӕ гӕсгӕ, уыцы ӕртӕйӕ хион чи уыди?»


Йесо сын загъта: «Адӕмы раз уӕхи рӕстгӕнджытӕй ӕвдисут, фӕлӕ уын Хуыцау уӕ зӕрдӕтӕ зоны. Уымӕн ӕмӕ, адӕммӕ кадджын цы у, уый Хуыцауы цӕсты ӕлгъаг у.


Уыдон нӕ зыдтой, Хуыцау адӕймаджы куыд раст кӕны, уый ӕмӕ архайдтой сӕхи сраст кӕнынӕн сӕхи фӕндаг ссарыныл, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ басастысты Хуыцауы рӕстадӕн.


Кӕд Авраам йӕ хъуыддӕгты фӕрцы сраст ис, уӕд сӕ йӕ бон уыди сӕрыстыр уӕвын, фӕлӕ Хуыцауы раз — нӕ.


Ӕгъдауы фӕрцы та Хуыцауы раз кӕй ничи сраст уыдзӕн, уый бӕлвырд у, уымӕн ӕмӕ «рӕстгӕнӕг уырнындзинады фӕрцы цӕрдзӕни».


Куыд уынут, афтӕмӕй Хуыцау адӕймаджы сраст кӕны ӕрмӕст уырнындзинады фӕрцы нӕ, фӕлӕ хъуыддӕгты фӕрцы дӕр.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan