Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 10:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 Уыцы тӕккӕ уысм Ын Сыгъдӕг Уд Йӕ зӕрдӕ байдзаг кодта цинӕй, ӕмӕ Йесо загъта: «Мӕ Фыд, арв ӕмӕ зӕххы Дунедарӕг! Стауын дӕ, Ды адӕттӕ куырыхонтӕй ӕмӕ ӕмбаргӕтӕй кӕй басусӕг кодтай ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕн кӕй раргом кодтай, уый тыххӕй! О, Мӕ Фыд, Дӕу афтӕ бафӕндыд!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 10:21
29 Iomraidhean Croise  

Давиды псалом. Дунедарӕг, Дӕуыл фӕдзӕхсын мӕхи.


О Дунедарӕг, нӕ Бардарӕг! Куыд кадджын у ӕгас зӕххыл Дӕ ном! Уӕлӕрвтӕй фӕуӕлдӕр ис Дӕ кад!


Уӕдӕ сын Ӕз дӕр бакӕндзынӕн ӕнӕфенгӕ митӕ, — сӕ куырыхонтӕн фесӕфдзӕни сӕ уӕлзонд, се ’мбаргӕтӕн фӕцыдӕр уыдзӕн сӕ зонд».


Уыдзӕни уӕрӕх фӕндаг уым, Уазвӕндаг — йӕ ном. Ӕнӕсыгъдӕг ыл йӕ къах не ’рӕвӕрдзӕн, уый ӕрмӕстдӕр Йӕ агурӕгӕн уыдзӕн, ӕмӕ ӕдылы дӕр нӕ фӕдзӕгъӕл уыдзӕн, фыццаг хатт куы цӕуа, уӕд дӕр.


Бирӕ хъизӕмӕрттӕ бавзаргӕйӕ, фендзӕни рухс ӕмӕ сцин кӕндзӕн. Дунедарӕг Дзы зӕгъы: «Мӕ тӕрхоны фӕрцы Уый, Рӕстгӕнӕг, Мӕ цагъар, бирӕты сраст кӕндзӕн, сӕккой сын кӕндзӕни сӕ азым.


Лӕппу чызгимӕ куыд баиу вӕййы, афтӕ баиу уыдзӕни демӕ дӕ Саразӕг, усгур йӕ усагыл куыд бацин кӕны, афтӕ дыл бацин кӕндзӕни дӕ Хуыцау.


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Уӕларв Мӕ бадӕн у, зӕхх — Мӕ къӕхтӕвӕрӕн. Цавӕр хӕдзар Мын хъуамӕ саразат сымах? Кӕм ис Мӕн аккаг ӕрӕнцайӕн бынат?


Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, демӕ ис. Уый у хъомысджын Хӕстон, хъару Йӕм ис дӕу фервӕзын кӕнынӕн. Ныццин дыл кӕндзӕн, Йӕ уарзтӕй дӕ басабыр кӕндзӕн, цины зарӕгимӕ райдзӕни дӕ уындӕй.


Уӕд ын Йесо загъта: «Тӕхудиаг дӕ, Ионӕйы фырт Симон, уымӕн ӕмӕ дын уый адӕймаг нӕ раргом кодта, фӕлӕ Мӕ Уӕларвон Фыд.


ӕмӕ Йын загътой: «Хъусыс, цытӕ дзурынц?» Йесо сын дзуапп радта: «Хъусын! Ау, ацы ныхӕстӕ никуы бакастыстут: „Чысыл сабитӕ ӕмӕ дзидзидайтӕн сыстауын кодтай Дӕхи“?»


Фарисейтӕ ӕмӕ йӕм саддукейтӕй саргъауынмӕ бирӕтӕ кӕй цӕуынц, Иоанн уый куы федта, уӕд сын загъта: «Калмы цот! Чи уын загъта, ӕмӕ сымах сомбоны азарӕй аирвӕздзыстут?


Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Хуыцауы Паддзахадыл сывӕллонау чи нӕ баууӕнда, уый йӕм нӕ бацӕудзӕн».


Ӕмӕ йӕ куы ссара, уӕд ӕй, цингӕнгӕ, сисдзӕни йӕ уӕхскмӕ,


Ӕмӕ йӕ куы ссара, уӕд фӕдзурдзӕни йе ’мбал сылгоймӕгтӕм ӕмӕ йӕ сыхӕгтӕм ӕмӕ сын зӕгъдзӕни: „Цин кӕнут мемӕ — мӕ сӕфт драхмӕ ссардтон“.


Дур айстой. Йесо арвмӕ скасти ӕмӕ загъта: «Мӕ Фыд, бузныг дӕн Дӕуӕй, кӕй Мӕ фехъуыстай, уый тыххӕй.


Мах кӕй хъусын кӕнӕм, уыцы Фарны Уац кӕд искӕмӕн нӕу ӕргом, уӕд — сӕфты къахыл лӕуджытӕн.


Чырыстийы фӕрцы махӕй Йӕхицӕн скодта бындартӕ. Афтӕ Хуыцау снысан кодта рагацау, уымӕн ӕмӕ Уый ӕппӕт дӕр аразы Йӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ,


Кӕй нӕ уарзы, уымӕ гӕсгӕ Уый бафӕндыд Йесо Чырыстийы фӕрцы махӕй Йӕхицӕн хъӕбултӕ скӕнын.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan