2 Загъта сын: «Кӕрдинаг — бирӕ, фӕлӕ хуымгӕрдджытӕ нӕ фаг кӕны. Уӕдӕ курут хуымы Хицауӕй, цӕмӕй Йӕ хуыммӕ кусджытӕ рарвита кӕрдынмӕ.
Илийа сын загъта: «Дунедарӕджы пехуымпартӕй ма иунӕг ӕз баззадтӕн, Баалы пехуымпартӕ та цыппарсӕдӕ фӕндзай сты.
Ӕз дзынӕзтон ӕмӕ ком дардтон — уый тыххӕй мын фидистӕ кӕнынц.
Мӕхи зӕрдӕмӕ чи цӕуа, ахӕм фыййӕутты уын ратдзынӕн, цӕмӕй уӕ уыдон куырыхонӕй ӕмӕ ӕмбаргӕйӕ хизой.
Додойаг у, йӕ дзуджы чи ныууагъта, уыцы ӕвзӕр фыййау! Йӕ къух ын кардӕй ахауын кӕнӕнт, йӕ рахиз цӕст ын дзы скъахӕнт! Йӕ къух бахуыскъ уӕд, ӕмӕ йӕ рахиз цӕст бакуырм уӕд!»
Се ’лхӕнджытӕ сӕ марынц, ӕмӕ ӕнӕфхӕрдӕй баззайынц. Чи сӕ уӕй кӕны, уыдон та дзурынц: „Арфӕгонд уӕд Дунедарӕг, ӕз схъӕздыг дӕн“. Нӕ сыл ауӕрдынц фыййӕуттӕ.
Ӕз раргом уыдзынӕн уым ӕмӕ демӕ дзурдзынӕн. Цы Уд дыл ис, уымӕй райсдзынӕн ӕмӕ дзы уыцы лӕгты схайджын кӕндзынӕн, цӕмӕй ацы адӕмыл мӕт кӕной демӕ ӕмӕ ды уыцы уаргъ иунӕгӕй мауал хӕссай.
Фӕлӕ йын Моисей загъта: «Уыцы ӕнувыдӕй мӕ сӕрыл хӕцыс, мыййаг? Тӕхуды ӕмӕ Дунедарӕджы адӕм иууылдӕр пехуымпартӕ куы уаиккой! Тӕхуды, ӕмӕ сӕ Дунедарӕг куы схайджын кӕнид Йӕ Удӕй!»
Уымӕн ӕмӕ Уӕларвон Паддзахад абарӕн ис, райсомӕй раджы йӕ сӕндонмӕ зилынӕн кусджытӕ баххуырсынмӕ чи рацыди, уыцы хицауимӕ.
Цӕвиттон, иу лӕг цыди балцы ӕмӕ йӕ хӕдзар йӕ цагъарты бар ныууагъта, алкӕмӕн дӕр дзы бӕлвырд хъуыддаг бахӕс кодта ӕмӕ дуаргӕсӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй къӕрцхъус уа.
Ӕмӕ сын загъта: «Ӕрзилут ӕгас дунейыл ӕмӕ Фарны Уац хъусын кӕнут алкӕмӕн дӕр.
Ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр ацыдысты ӕмӕ алы ран хъусын кодтой Фарны Уац. Бардарӕг сын ӕххуыс кодта ӕмӕ, сӕ ныхас раст кӕй у, уый ӕвдыста алы диссӕгты фӕрцы.
Йесо фӕсидти Йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинагмӕ ӕмӕ сын радта тых, цӕмӕй ӕппӕт дӕлимонтыл дӕр сӕ бар цӕуа ӕмӕ адӕмы дзӕбӕх кӕной сӕ низтӕй.
Стефаны мӕлӕты фӕстӕ сӕ ӕфхӕрын куы райдыдтой, уӕд, уырнджытӕй чи ныххӕлиу, уыдон бахӕццӕ сты Финикимӕ, Кипрмӕ ӕмӕ Антиохимӕ. Хуыцауы Дзырд амыдтой ӕрмӕстдӕр иудейӕгтӕн.
Иу хатт уыдон Дунедарӕгӕн куы лӕггад кодтой ӕмӕ ком куы дардтой, уӕд сын Сыгъдӕг Уд загъта: «Цы хъуыддагӕн сӕ сӕвзӕрстон, уый саразынӕн Мын раттут Варнавӕ ӕмӕ Савлы».
Варнавӕ ӕмӕ Савл, Сыгъдӕг Удӕй ӕрвыстытӕ, ӕрцыдысты Селевкийы сахармӕ, уырдыгӕй та науыл араст сты Кипрмӕ.
Уӕдӕ кӕсут уӕхимӕ ӕмӕ ӕппӕт дзугмӕ уӕ цӕст дарут. Уыцы дзугӕн уӕ Сыгъдӕг Уд йӕ сӕргъы сӕвӕрдта разамынд дӕттынӕн, цӕмӕй хизат Хуыцауы Аргъуан — Йӕ Фырты Тугӕй Йӕхицӕн кӕй балхӕдта, уый.
Бардарӕг мын загъта: „Ацу, уымӕн ӕмӕ дӕ Ӕз дардмӕ, муртаттӕгтӕм, арвитдзынӕн“».
Чи ныххӕлиу, уыцы уырнджытӕ та уыцы рӕстӕг, кӕдӕмдӕриддӕр цыдысты, уым хъусын кодтой Фарны Уац.
Ӕмӕ Хуыцау уыдонӕй иуты аргъуаны сӕвӕрдта, фыццаджыдӕр, апостолтӕй, дыккаджы — пехуымпартӕй, уый фӕстӕ — ахуыргӕнджытӕй. Уый иутӕн радта диссӕгтӕ ӕвдисыны тых, стӕй низтӕй дзӕбӕх кӕныны, ӕххуыс кӕныны, разамынд дӕттыны ӕмӕ алы ӕвзӕгтыл дзурыны курдиӕттӕ.
Фӕлӕ ӕз, цы дӕн, уый Хуыцауы хорзӕхӕй дӕн. Ӕмӕ Йӕ хорзӕхӕй хайджын дзӕгъӕлы нӕ фӕдӕн: ӕз се ’ппӕтӕй дӕр фылдӕр бакуыстон — ӕниу, ӕз нӕ, фӕлӕ мемӕ чи ис, Хуыцауы уыцы хорзӕх.
Мах, Хуыцауы ӕмкусджытӕ, курӕм сымахӕй: Хуыцау уӕ цы хорзӕхӕй схайджын кодта, уый уын дзӕгъӕлы ма фӕуӕд.
Иннӕтӕ иууылдӕр мӕт кӕнынц, Йесо Чырыстийӕн фӕндон цы у, ууыл нӕ, фӕлӕ сӕхи пайдайыл.
Ӕнӕмӕнг хъуыддагыл ма ноджы мӕхицӕн нымайын, бахъуаджы рӕстӕг мӕм ӕххуысмӕ кӕй ӕрбарвыстат, мӕ уыцы ӕфсымӕр, ӕмкусӕг ӕмӕ ӕмтохгӕнӕг Эпафродиты фӕстӕмӕ арвитын.
Чырыстийы хъуыддаджы сӕраппонд Эпафродит мӕлӕтмӕ цыди, йӕ цард ӕвгъау нӕ кодта, цӕмӕй, сымахӕн уӕ бон цы нӕ уыди, уыцы ӕххуыс мын уӕ бӕсты бакӕна.
Чырыстийы хъомысджын тыхӕй ӕз уый сӕраппонд кусыныл мӕхи хъарын.
Салам уын ӕрвиты уӕхи Эпафрас, Йесо Чырыстийы цагъар. Уый иудадзыг сымах тыххӕй кувы ӕнувыдӕй, цӕмӕй уат ӕнӕфӕцудгӕ, ӕнӕгуырысхойӕ ӕууӕндат Хуыцауыл ӕмӕ алцӕмӕй дӕр Йӕ коммӕ кӕсат.
Сымах, ӕфсымӕртӕ, уӕ зӕрдыл хорз дарут нӕ уӕззау куыст. Цӕмӕй уӕ тыхсты хос макӕмӕн уӕм, уый тыххӕй мах куыстам ӕхсӕвӕй-бонӕй ӕмӕ уын афтӕмӕй хъусын кодтам Хуыцауы Фарны Уац.
Курӕм уӕ, ӕфсымӕртӕ: нымайут, зӕрдиагӕй уӕм чи лӕггад кӕны ӕмӕ уын зонд чи амоны, Хуыцауы раз чи лӕууы, уыцы хистӕрты.
Кӕронбӕттӕны ма уӕ курын, ӕфсымӕртӕ: кувут мах тыххӕй, цӕмӕй Бардарӕджы Фарны Уац ӕнхъӕвза дарддӕр ӕмӕ йын алы ран дӕр кад кӕной, сымах ын куыд кад кӕнут, афтӕ.
Уыцы царды сӕраппонд у нӕ фӕллой ӕмӕ нӕ тох, уымӕн ӕмӕ нӕ зӕрдӕ цардӕгас Хуыцауыл дарӕм; Хуыцау та ӕппӕт адӕмӕн, уӕлдайдӕр уырнджытӕн, сӕ Ирвӕзынгӕнӕг у.
Фӕлӕ дӕумӕ кӕддӕриддӕр уӕд уӕззау зонд, зынтӕн у фӕразон, адӕммӕ хӕсс Фарны Уац, кӕронмӕ бакӕн дӕ куыст.
Павелӕй, Йесо Чырыстийы сӕраппонд ахӕстӕй, ӕмӕ ӕфсымӕр Тимофейӕ — нӕ уарзон ӕмкусӕг Филимонмӕ,
Чырысти та Фыртау ӕнувыд у. Ӕвӕрд ӕрцыди Хуыцауы хӕдзары сӕргъы, уыцы хӕдзар та мах стӕм, ныфсджын куы уӕм ӕмӕ, цы ныфсӕй ӕппӕлӕм, ууыл кӕронмӕ фидарӕй нӕ зӕрдӕ куы дарӕм, уӕд.
Эфесы аргъуаны зӕдмӕ ныффысс: „Йӕ рахиз къухы авд стъалыйы Чи дары, авд сыгъзӕрин цырагъдарӕны ӕхсӕн Чи цӕуы, Уый афтӕ зӕгъы: