Лука 10:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст13 Сар дӕ сӕр, Хоразин! Сар дӕ сӕр, Вифсаидӕ! Уымӕн ӕмӕ, сымахмӕ цы диссӕгтӕ равдыстӕуыд, уыдон Тир ӕмӕ Сидоны куы ӕрцыдаиккой, уӕд уымы цӕрджытӕ, сӕ уӕлӕ сӕхъистӕ скӕнгӕйӕ ӕмӕ фӕнычы сбадгӕйӕ, сӕ тӕригъӕдтыл раджы ӕрфӕсмон кодтаиккой. Faic an caibideil |
Сионы сахары хъынцъымгӕнджытӕн сӕ зӕрдӕ барухс кӕнынмӕ. Нырӕй фӕстӕмӕ-иу фӕнычы бӕсты сӕ сӕртыл кады худтӕ ’ркӕндзысты, цӕссыджы бӕсты-иу цины сойӕ байсӕрддзысты сӕхи, сӕхъисы бӕсты-иу кады пӕлӕз скӕндзысты. Адӕмтӕ фендзысты, сӕ хъомыс Хуыцауӕй кӕй у, уый ӕмӕ сӕ бардзысты, Дунедарӕг Едемы дыргъдоны кӕй ныссагъта, уыцы бӕлӕстимӕ. Ӕмӕ Дунедарӕгӕн Йӕ кады ном айхъуысдзӕни дунейыл.