Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 10:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Уый фӕстӕ ма Йесо ноджыдӕр ӕвдай дыууӕ ахуыргӕнинаджы равзӕрста ӕмӕ сӕ дыгӕйттӕй арвыста Йӕ разӕй, цӕуинаг кӕдӕм уыди, уыцы сахартӕ ӕмӕ хъӕутӕм.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 10:1
14 Iomraidhean Croise  

Израилы хистӕртӕй ӕвдайы бӕрц лӕууыдысты сӕ разы, Шафаны фырт Иазани дӕр се ’хсӕн, афтӕмӕй. Алкӕй къухы дӕр сӕ уыди будсудзӕн, ӕмӕ буды хӕрздӕфы къуыбылӕйттӕ хӕрдмӕ цыдысты.


Ӕмӕ загъта Дунедарӕг Моисейӕн: «Ӕрбамбырд Мӕм кӕн Израилы хистӕртӕй дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдзы — Израилы хистӕртӕ, йӕ раздзӕуджытӕ сты, зӕгъгӕ, кӕмӕй зӕгъдзынӕ, ахӕм лӕгты. Фембӕлды Цатыры размӕ сӕ ӕрбахон, ӕмӕ ӕрлӕууӕнт уыцы ран демӕ.


Илийайы уд ӕмӕ хъаруимӕ цӕудзӕни Бардарӕджы разӕй, цӕмӕй фыдӕлтӕ ӕмӕ сӕ цоты зӕрдӕтӕ раздаха кӕрӕдзимӕ, хивӕндты раст зондыл сараза ӕмӕ адӕмы бацӕттӕ кӕна Бардарӕджы ӕрцыдмӕ».


Дӕу та, хъӕбул, схондзысты Иууылбӕрзонды пехуымпар, уымӕн ӕмӕ цӕудзынӕ Бардарӕджы разӕй, цӕмӕй Йын фӕндаг ӕрцӕттӕ кӕнай


Йесо идӕдз усы куы федта, уӕд ын фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ йын загъта: «Ма ку».


Иоанн дзы дыууӕмӕ фӕсидти ӕмӕ сӕ арвыста Хицау Йесойы бафӕрсынмӕ: «Ӕрцӕуинаг Чи у, Уый Ды дӕ, ӕви ӕндӕрмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм?»


Йӕ разӕй минӕвӕрттӕ арвыста самариаг хъӕумӕ, цӕмӕй Йын Йӕ бацыдмӕ ӕппӕт дӕр ӕрцӕттӕ кӕной.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan