9 Сауджынты ӕгъдау куыд домы, афтӕ хӕлттӕ куы сӕппӕрстой, уӕд Захариайы хал схауд, ӕмӕ нывондхӕссӕныл буд судзынмӕ бацыди Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ.
Амрамы фырттӕ: Аарон ӕмӕ Моисей. Аарон ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕ хицӕнгонд ӕрцыдысты — мыггагмӕ сӕ снывонд чындӕуыд; уыдон сты иууылуаз — ӕрмӕстдӕр уыдонӕн ис бар Дунедарӕджы раз буд судзынӕн, лӕггад Ын кӕнынӕн ӕмӕ Йӕ номӕй цӕрӕнбонтӕм адӕмӕн арфӕ кӕнынӕн.
Аарон ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕ та хастой нывӕндтӕ иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕныл ӕмӕ будсудзӕн нывондхӕссӕныл. Кодтой уазлӕггады куыст, ӕххӕст кодтой Израилы адӕмӕн сӕ тӕригъӕдтӕ ныббарыны ӕгъдӕуттӕ — Хуыцауы цагъар Моисей куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.
Фӕлӕ куы схъомысджын ис, уӕд йе ’намондӕн йӕ сӕр ӕгӕр бӕрзӕндты хӕссын байдыдта ӕмӕ Дунедарӕджы, йӕ Хуыцауы ныхмӕ, сарӕзта фыдракӕнд. Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ бацыди, цӕмӕй будсудзӕн нывондхӕссӕныл хӕрздӕфгӕнӕнтӕ ссудза.
Мӕ хъӕбултӕ, ӕнӕмӕт ма ут! Дунедарӕг уӕ равзӕрста, цӕмӕй Йӕ разы лӕууат, лӕггад Ын кӕнат ӕмӕ Йын хӕрздӕфгӕнӕнтӕ судзат, уый тыххӕй!»
Дунедарӕг Моисейӕн куыд загъта, афтӕ. Уыцы ӕмбӕрзӕны нысан — израилӕгтӕ сӕ зӕрдыл куыд дарой: Аароны байзӕддӕгты йеддӕмӕ Дунедарӕджы раз буд судзынмӕ чи бацӕуа, ууыл Корах ӕмӕ йӕ хъузӕтты бон акӕндзӕн.
Иудӕ ӕвзист ӕхцатӕ аппӕрста Кувӕндоны, рацыд ӕмӕ йӕхи ӕрцауыгъта.
Ӕппӕт дӕр сарӕзтӕуыд афтӕ, ӕмӕ фыццаг уатмӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнынмӕ кӕддӕриддӕр цыдысты сауджынтӕ;
Израилы ӕппӕт хӕдзарвӕндӕгтӕй Мӕхицӕн дӕ фыдӕлты равзӕрстон сауджынтӕй, цӕмӕй Мын Мӕ нывондхӕссӕныл хӕссой нывӕндтӕ, судзой Мын буд ӕмӕ-иу Мӕ разы хӕрдмӕ сисой ефод. Израилӕгтӕ цыдӕриддӕр хуынтӕ хӕссынц, уыдон бакодтон дӕ фыдӕлты бӕрны.