80 Сывӕллон рӕзыд ӕмӕ фидар кодта уд ӕмӕ буарӕй. Цалынмӕ йын Израилы адӕмы размӕ рацӕуыны афон нӕ ралӕууыд, уӕдмӕ цардис ӕдзӕрӕг рӕтты.
Уыдон куы ацыдысты, уӕд Йесо райдыдта адӕмӕн Иоанны тыххӕй дзурын: «Цы уынынмӕ цыдыстут ӕдзӕрӕг быдырмӕ? Дымгӕ кӕй ӕнкъусы, уыцы хъӕз?
Уыцы рӕстӕг фӕзындис Аргъауӕг Иоанн ӕмӕ Иудейы ӕдзӕрӕг быдыры хъусын кодта:
уымӕн ӕмӕ цытджын уыдзӕни Хуыцауы раз. Нӕдӕр сӕн нуаздзӕн, нӕдӕр ӕндӕр исты карз нозт, Сыгъдӕг Удӕй хайджын уыдзӕн йӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ.
Сывӕллон рӕзыд ӕмӕ фидар кодта, бонӕй-бонмӕ ӕфтыди Йӕ зондыл, Хуыцауы фарнӕй хайджын уыди.
Йесо куыд рӕзыд, афтӕ ӕнтыстджындӕр уыди уӕлзондӕй, ӕмӕ Йӕм фылдӕр кодта Хуыцау ӕмӕ адӕмы уарзондзинад.
Ӕз Ӕй нӕ зыдтон, фӕлӕ донӕй аргъауынмӕ уымӕн ӕрцыдтӕн, цӕмӕй Йӕ Израилӕн раргом кӕнон».
Ӕппӕт адӕмы раз-иу йӕ тыхджын ныхасӕй басаста иудейӕгты — Сыгъдӕг Фысты фӕрцы ӕмбарын кодта, Йесо Чырысти кӕй у, уый.
Дунедарӕг ӕркаст Аннӕмӕ, ӕмӕ та ус банхъӕлцау ис. Ныййардта ма ӕртӕ лӕппу ӕмӕ дыууӕ чызджы. Ныр ӕвзонг Самуел та хъомыл кодта Дунедарӕджы хӕдзары.