78 уымӕн ӕмӕ нӕ Хуыцау уарзӕгой ӕмӕ барон у. Йӕ хорзӕхы руаджы нын уӕлӕрвтӕй рарвитдзӕни Сӕуӕхсид,
Ӕназымы нысанӕн-иу ӕрӕхсдзынӕн мӕ къухтӕ, Дӕ нывондхӕссӕны алыварс-иу ӕрзилдзынӕн, о Дунедарӕг.
Йессейы калд бӕласы бындзӕфхад суадздзӕни тау, ӕмӕ дзы ног тала сырӕздзӕн.
Куырмыты акӕндзынӕн, нырмӕ кӕй нӕ зыдтой, ахӕм фӕндагыл, ӕнӕзонгӕ фӕндӕгтыл сӕ акӕндзынӕн. Сӕ размӕ сын тар ныррухс кӕндзынӕн, сӕ фӕндӕгтӕ сын слӕгъз кӕндзынӕн. Гъе афтӕ сыл ауддзынӕн, нӕ сӕ ныууадздзынӕн.
Ӕркӕс уӕларвӕй, Дӕ кадджын ӕмӕ Дӕ уаз бынатӕй! Кӕм ис Дӕ уарзондзинад, Дӕ хъомыс? Куы ницыуал Дын уынӕм Дӕ бирӕ хӕрзтӕй, Дӕ хорзӕхтӕй!
Мӕ зӕрдыл дарын Дунедарӕджы хӕрзтӕ, Дунедарӕджы кад. Уый Израилӕн бацыди бирӕ хӕрзты ӕмӕ сӕ ныронг дӕр дӕтты рӕдауӕй.
Уӕдӕ байхъус, стыр алчер Йешуа! Дӕ бакомкоммӕ цы алчертӕ бадынц, уыдон дӕр Мӕ фехъусӕнт, Мӕ нысанӕн ӕвдисӕнтӕ сты уыдон. Мӕнӕ Ӕз ӕрбакӕнын Ӕвзар, Мӕ лӕггадгӕнӕджы.
Зӕгъ ын: Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: мӕнӕ, Йӕ ном Ӕвзар кӕмӕн у, Уый, куы сырӕза, уӕд Дунедарӕджы Кувӕндон сараздзӕн.
Сымахыл та, Мӕ номӕн кад чи кӕны, уыдоныл, скӕсдзӕни рӕстдзинады хур. Йӕ тынтӕ ӕвдадзы хос сты, ӕмӕ, фосдонӕй ӕддӕмӕ кӕй рауагътой, уыцы хӕрзхаст родтау гӕппытӕ кӕндзыстут.
Цы нӕма ӕрцыди, уый уынын, нырма дард цы у, уый мӕм зыны; Йаковӕй стъалы ссыди, растади Израилы лӕдзӕг — ныссӕтдзӕн Моавы тӕрных, ныззыгуым кӕндзӕн Шеты байзӕддӕгты.
Хуыцау афтӕ бауарзта дуне, ӕмӕ радта Йӕ Иунӕг Фырты, цӕмӕй Йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уыдон ма фесӕфой, фӕлӕ сын уа мыггагмӕйы цард.
Уымӕ гӕсгӕ загъдӕуыд: «Райхъал у дӕ фынӕйӕ, рабад мӕрдтӕй, ӕмӕ дӕ Чырысти ныррухс кӕндзӕн».
Уе ’ппӕты дӕр Йесо Чырыстийы уарзтӕй кӕй уарзын, уымӕн Хуыцау — ӕвдисӕн.
Уӕдӕ Чырыстиимӕ кӕй стут, уый уын кӕд исты ныфс дӕтты, кӕд уын Йӕ уарзондзинад циндзинад хӕссы ӕмӕ уын кӕд Сыгъдӕг Удимӕ иудзинад ис, кӕд хатырджын ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг стут,
Сымах Хуыцау сӕвзӕрста, стут Йӕ сыгъдӕг ӕмӕ уарзон адӕм. Уӕдӕ ут тӕригъӕдгӕнаг, зӕрдӕхӕлар, сӕрныллӕг, ӕвӕлмас ӕмӕ фӕразон.
Пехуымпар ныхас раст кӕй у, уый нын афтӕмӕй раргом ноджы тынгдӕр. Ӕмӕ, цалынмӕ бон фӕцъӕх уа ӕмӕ сӕууон стъалы уӕ зӕрдӕты ссудза, уӕдмӕ уыцы пехуымпар ныхасмӕ, талынджы рухстауӕг цырагъмӕ здахӕгау, уе ’ргом кӕй здахут, уымӕй раст кӕнут.
Зӕххон цардӕн алцыдӕр фаг кӕмӕ ис, уый йе ’фсымӕры хъуӕгтӕ куы уына, фӕлӕ йӕхи нӕуынӕг куы скӕна, уӕд йӕ зӕрдӕйы Хуыцауы уарзондзинад куыд цӕрдзӕн?
«Ӕз, Йесо, Мӕ зӕды арвыстон ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй сымахӕн аргъуанты зӕгъынмӕ. Ӕз дӕн Давиды Ӕвзар ӕмӕ Байзӕддаг, тӕмӕнкалгӕ Бонвӕрнон».