Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 1:74 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

74 не знӕгты къухӕй нӕ кӕй байсдзӕни, уый тыххӕй,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 1:74
21 Iomraidhean Croise  

Кад кӕнут ӕрмӕстдӕр Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн, ӕмӕ уӕ Уый алы фыдгулы къухӕй дӕр фервӕзын кӕндзӕн».


Уыцы адӕмы Ӕз сфӕлдыстон Мӕхицӕн, ӕмӕ Мын дунейыл айхъуысын кӕндзысты Мӕ кад, Мӕ ном».


Фӕлӕ Дунедарӕг мыггагмӕ фервӕзын кӕндзӕн Израилы адӕмы. Тъымы-тъыматӕм дӕр никуы фегад ӕмӕ фӕхудинаг уыдзысты.


— Афтӕ зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг: цыппӕрӕм ӕмӕ фӕндзӕм мӕйты, стӕй ӕвдӕм ӕмӕ дӕсӕм мӕйты цы комдарӕн бонтӕ ис, уыдон Иудӕйы хӕдзарӕн хъӕлдзӕг бӕрӕгбӕттӕ фестдзысты, ӕрмӕст рӕстдзинад ӕмӕ сабырдзинад уарзут.


Уый мах фервӕзын кӕндзӕн не знӕгтӕй ӕмӕ, ӕнӕуынон кӕмӕн стӕм, уыдоны къухӕй.


Расомы кодта нӕ фыдӕл Авраамӕн,


ӕмӕ Йын лӕггад кӕндзыстӕм ӕдасӕй, цӕмӕй цӕргӕбонты Йӕ цӕсты сыгъдӕг ӕмӕ раст адӕмыл нымад уӕм.


Фӕлӕ тӕригъӕдӕй суӕгъд стут ӕмӕ систут Хуыцауы цагъартӕ; ныртӕккӕ уӕ хӕрзиуӕг у сыгъдӕг цард, ӕппынфӕстаг та райсдзыстут мыггагмӕйы цард.


Цы Удӕй схайджын стут, уый ахӕм нӕу, ӕмӕ цагъартӕ уат ӕмӕ та ногӕй тасимӕ цӕрат. Сымах схайджын стут, Хуыцауы хъӕбултӕ уӕ Чи скодта, уыцы Удӕй, ӕмӕ Уый фӕрцы ныхъхъӕр кӕнӕм: «Абба! Нӕ Фыд!»


Уымӕн ӕмӕ нын Хуыцау цы Удӕй бахай кодта, уый нын тӕппуды хос нӕу, фӕлӕ нын дӕтты тых, уарзт ӕмӕ раст зонд.


ӕмӕ ссӕрибар кӕна, мӕлӕты тасӕй цӕргӕбонты цагъар чи уыди, уыдоны.


уӕд цас тыхджындӕр у, ӕнусон Уды фӕрцы Хуыцауӕн Йӕхи ӕнаипп нывондӕн Чи ӕрхаста, уыцы Чырыстийы Туг! Уыцы Туг мах фервӕзын кӕндзӕн ӕфсармы тӕрхонӕй — ныууадздзыстӕм мӕлӕтхӕссӕг хъуыддӕгтӕ ӕмӕ лӕггад кӕндзыстӕм цардӕгас Хуыцауӕн.


Цы хъизӕмӕрттӕ ӕвзарын дӕ бахъӕудзӕн, уыдонӕй ма тӕрс. Уӕ бафӕлварыны тыххӕй хӕйрӕг сымахӕй кӕйдӕрты баппардзӕн ахӕстоны, ӕмӕ уӕ хъизӕмар ахӕсдзӕни дӕс боны. Мӕлын дӕ куы бахъӕуа, уӕд дӕр-иу баззай иузӕрдионӕй, ӕмӕ дын Ӕз ратдзынӕн хӕрзиуӕг — мыггагмӕйы цард.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan