Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 1:71 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

71 Уый мах фервӕзын кӕндзӕн не знӕгтӕй ӕмӕ, ӕнӕуынон кӕмӕн стӕм, уыдоны къухӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 1:71
19 Iomraidhean Croise  

Кад кӕнут ӕрмӕстдӕр Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн, ӕмӕ уӕ Уый алы фыдгулы къухӕй дӕр фервӕзын кӕндзӕн».


Иннӕтӕ та саудалынджы, мӕрдон тары бадтысты ӕмӕ се ’фсӕн хъадаманты бын удхарӕй мардысты,


Йӕ заманы Иудей фервӕздзӕн, Израил цӕрдзӕн ӕдасӕй, схондзысты йӕ «Дунедарӕг — нӕ растгӕнӕг».


«Ӕз сӕ, фыр мӕстӕй пиллон арт уадзгӕйӕ, кӕдӕм фӕсырдтон, уыцы бӕстӕтӕй ӕрӕмбырд кӕндзынӕн ӕмӕ сӕ ногӕй ацы бынатмӕ раздахдзынӕн, ӕнӕмаст цардӕй сӕ схайджын кӕндзынӕн.


Цӕрдзысты йыл ӕдасӕй. Сараздзысты хӕдзӕрттӕ, ныссадздзысты сӕндӕттӕ, ӕмӕ йыл ӕдасӕй цӕрдзысты, уымӕн ӕмӕ Ӕз стӕрхон кӕндзынӕн, алырдыгӕй сӕм саузӕрдӕ чидӕриддӕр дардта, уыдонӕн. Ӕмӕ уӕд Израилы адӕм базондзысты, Ӕз Дунедарӕг, сӕ Хуыцау, кӕй дӕн, уый».


Ӕз семӕ сараздзынӕн фарны фидыд, сӕ зӕххӕй сын асурдзынӕн тугдзых сырдты, ӕмӕ ӕдасӕй цӕрдзысты тыгъд быдыры, ӕнӕмӕтӕй хуысдзысты хъӕдты.


Адӕмтӕн нал уыдзысты ӕфтиаг, нал сӕм лӕбурдзысты хъӕддаг сырдтӕ дӕр. Ӕдасӕй цӕрдзысты ӕмӕ сыл тас ничиуал ӕфтаудзӕни.


Дзӕвгар рӕстӕджы фӕстӕ бахъӕудзӕни дӕ сӕр. Фидӕны азты ды ӕрцӕудзынӕ, карды азарӕй чи фервӕздзӕн, уыцы бӕстӕм, бирӕ ӕцӕгӕлон адӕмты ’хсӕнӕй уырдӕм чи ӕрбаздӕхдзӕн, уыцы адӕммӕ, иудадзыг гӕныстон чи уыд, Израилы уыцы хӕхтӕм. Йӕ цӕрджытӕ ӕрбаздӕхдзысты ӕцӕгӕлон адӕмты ’хсӕнӕй ӕмӕ се ’ппӕт дӕр цӕрдзысты ӕдасӕй.


«Арфӕгонд уӕд Израилы Бардарӕг Хуыцау — ӕркасти Йӕ адӕммӕ ӕмӕ сӕ ссӕрибар кодта.


не знӕгты къухӕй нӕ кӕй байсдзӕни, уый тыххӕй,


Тӕхудиаг дӕ ды, Израил! Кӕм ис сымахӕн ӕмбал, Дунедарӕг йӕ хъахъхъӕнӕг, йӕ уарт ӕмӕ йӕ кады кард кӕмӕн у, уыцы адӕм? Сымахӕн уе знӕгтӕ ӕрныллӕг уыдзысты уӕ разы, сымах та сын сӕ фӕсонтыл къахӕй лӕудзыстут».


Тӕригъӕды чи ӕфты, уый хӕйрӕгӕй у, уымӕн ӕмӕ райдианӕй хӕйрӕг у тӕригъӕды ӕфтыд. Ӕмӕ Хуыцауы Фырт дӕр уый тыххӕй фӕзынди, цӕмӕй хӕйрӕджы хъуыддӕгтӕ фехала.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan