Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 1:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Цот сын нӕ рацыд, уымӕн ӕмӕ Елисаветӕ ӕнӕзӕнӕг уыдис. Афтӕмӕй сӕ дыууӕйыл дӕр дзӕвгар азтӕ рацыд.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 1:7
16 Iomraidhean Croise  

Авраам ныддӕлгом ис Хуыцауы раз, фӕлӕ йӕхинымӕр бахудт: «Нӕ зонын, фондзыссӕдзаздзыд зӕрондӕн ма исты рантыса? Дӕс ӕмӕ цыппарыссӕдзаздзыд Саррӕ дӕр ма исты ныййара?»


Авраам ӕмӕ Саррӕ сӕ зӕронды кары бацыдысты, ӕмӕ, сылгоймаг афонӕй-афонмӕ цы низӕй фӕтыхсы, уый дӕр нал хъыгдардта Саррӕйы.


Ревеккӕйӕн зӕнӕг нӕ цыд, ӕмӕ Исаак Дунедарӕгӕн лӕгъстӕ кодта. Дунедарӕг ын йӕ куывд фехъуыста, ӕмӕ Ревеккӕ банхъӕлцау ис.


Рахелӕн Йаковӕй цот кӕй нӕ цыди, уымӕ гӕсгӕ йӕ хомӕ хӕлӕг кӕнын райдыдта. Иуахӕмы йӕ мойӕн загъта: «Ратт мын цот, науӕд амӕлдзынӕн!»


Паддзах Давид тынг базӕронд ис, ӕмӕ-иу ӕй цыфӕнды хъарм куы стыхтой, уӕддӕр йӕ зӕронд стджытӕ нал тӕфстысты,


Елисей Гиезийы бафарста: «Уӕдӕ йын цы хорз ракӕнӕм?» Уый йын дзуапп радта: «Ӕнхъӕлдӕн, ӕнӕзӕнӕг у, йӕ мой дӕр — зӕронд».


Иудейаг паддзах Ироды заман Авийайы хӕдзарвӕндаджы уыдис иу сауджын, Захариа, зӕгъгӕ. Йӕ бинойнаг дӕр Аароны байзӕддагӕй уыди, йӕ ном — Елисаветӕ.


Сӕ дыууӕ дӕр Хуыцауы раз растӕй цардысты, ӕнӕаиппӕй ӕххӕст кодтой Хуыцауы ӕппӕт фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ.


Иу хатт Захариа уаз куыст кодта Хуыцауы Кувӕндоны (цы сауджынты къордмӕ хауд, уыдоны рад ралӕууыд).


Авраам ӕмбӕрста: цӕуы йыл фондзыссӕдз азы бӕрц, йӕ буар сӕдых, Саррӕ нал ныййардзӕни, фӕлӕ уӕддӕр йӕ уырнындзинад нӕ фӕцудыдта.


Саррӕ дӕр ӕнӕзӕнӕг уыди, йӕ цот кӕныны афон дӕр аивгъуыдта, фӕлӕ йӕм уырнындзинад кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ басывӕрджын ис. Уымӕн ӕмӕ дызӕрдыг нӕ кодта: зӕрдӕ Чи бавӕрдта, Уый Йӕ дзырд нӕ сайы.


Елканайӕн уыди дыууӕ усы: сӕ иуӕн йӕ ном — Аннӕ, иннӕмӕн — Пениннӕ. Пениннӕйӕн уыди сывӕллӕттӕ, Аннӕйӕн та зӕнӕг нӕ цыди.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan