69 Йӕ лӕггадгӕнӕг Давиды байзӕддагӕй нын радта хъомысджын Ирвӕзынгӕнӕджы,
Мӕ Хуыцау — мӕ айнӕг къӕдзӕх, уым агурын мӕхицӕн ӕмбӕхсӕн. Уый — мӕ уарт, мӕ ирвӕзӕн хох, мӕ фидар гӕнах. Ды — мӕ ирвӕзынгӕнӕг, фыдбылызӕй мӕ бахызтай.
Ӕнустӕм кадджын уӕд Дӕ ном! Афтӕ куыд дзурой: „Израилы Хуыцау — Уӕларвӕфсады Бардарӕг“. Ӕмӕ кӕддӕриддӕр Дӕ разы уӕд Дӕ цагъар Давиды хӕдзарвӕндаг.
Фӕлӕ уый къухтӕй дӕр паддзахдзинад ӕнӕхъӕнӕй нӕ байсдзынӕн. Дыууадӕс хӕдзарвӕндагӕй ма йын иуы ныууадздзынӕн, мӕ цагъар Давиды сӕр нымайгӕйӕ, стӕй, Йерусалимы сахар кӕй равзӕрстон, уый фӕрцы».
Уӕлӕрвтӕ Хуыцауы кадыл дзурынц, арвы къӕй ӕвдисӕн у Йӕ хъуыддӕгтӕн!
Нӕ Дунедарӕг Хуыцауы хорзӕх нӕ уӕд! Нӕ къухтӕ нын фӕфидар кӕн нӕ алы хъуыддаджы, хъару ратт нӕ цӕнгты фӕллойӕн!
Хӕхтӕ нӕма сӕнтыстысты, дуне ӕмӕ зӕхх нӕма сфӕлдыстай — ӕнусӕй ӕнустӕм Ды Хуыцау дӕ.
фӕлӕ Дунедарӕгӕн, сӕ Хуыцауӕн, стӕй сӕ паддзах Давидӕн, сӕ сӕргъы сын кӕй сӕвӕрдзынӕн, уымӕн.
Уыцы бон Ӕз Израилы адӕмы ногӕй схъомысджын кӕндзынӕн, дӕуӕн та ратдзынӕн уыдонӕн пехуымпариуӕг кӕныны бар, ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый».
Уыцы бон Ӕз Давиды пырх цатыр ногӕй сӕвӕрдзынӕн. Йӕ зыхъхъыртӕ йын сӕхгӕндзынӕн, йӕ пырхытӕ йын банывыл кӕндзынӕн, кӕддӕр куыд уыдис, афтӕ та йӕ рацараздзынӕн,
Мӕнӕ Йесо Чырыстийы — Авраам ӕмӕ Давиды байзӕддаджы — хӕдзарвӕндаг.
Арфӕгонд уӕд нӕ фыдӕл Давиды ӕрцӕуинаг Паддзахад! Осаннӕ уӕлӕрвты!»
«Ӕз, Йесо, Мӕ зӕды арвыстон ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй сымахӕн аргъуанты зӕгъынмӕ. Ӕз дӕн Давиды Ӕвзар ӕмӕ Байзӕддаг, тӕмӕнкалгӕ Бонвӕрнон».
Аннӕ кувын райдыдта ӕмӕ загъта: «Дунедарӕг мын барухс кодта мӕ зӕрдӕ, мӕ сыкъа мын бӕрзонд систа. Мӕ фыдгултыл мӕхи худӕгӕй хӕссын, цин кӕнын, кӕй мӕ фервӕзын кодтай, ууыл.
Дунедарӕг ныссӕрфдзӕн Йӕ фыдгулты, уӕлӕрвтӕй сыл ныннӕрдзӕн. Дунедарӕг тӕрхонгӕнӕг у зӕххы цъарӕн йӕ иу кӕронӕй йӕ иннӕ кӕронмӕ. Уый Йӕ паддзахӕн йӕ тыхыл ӕфтауы, Йӕ байсӕрстӕн Уый хъомыс дӕтты».