Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 1:67 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

67 Иоанны фыд Захариа Сыгъдӕг Удӕй схайджын ис, пехуымпариуӕг кӕнын райдыдта ӕмӕ дзырдта:

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 1:67
9 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕджы Уд дзуры мӕн уылты, мӕ былалгъыл — Йӕ дзырд.


Ахӕм рӕстӕг ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ Ӕз алкӕй дӕр схайджын кӕндзынӕн Мӕ Удӕй, пехуымпариуӕг кӕндзысты уӕ фырттӕ ӕмӕ уӕ чызджытӕ, уӕ хистӕртӕ уындзысты Мӕ лӕвӕрд фынтӕ, ӕмӕ уӕ лӕппутӕ та — цӕстылуайӕнтӕ.


Дунедарӕг ӕврагъы раргом ис ӕмӕ ныхас кодта Моисеимӕ. Райста, цы Уд ыл уыдис, уымӕй ӕмӕ дзы ӕвдай хистӕры схайджын кодта. Хистӕртӕ Удӕй куы схайджын сты, уӕд пехуымпариуӕг кӕнын райдыдтой, фӕлӕ сын уый бирӕ нӕ ахаста.


уымӕн ӕмӕ цытджын уыдзӕни Хуыцауы раз. Нӕдӕр сӕн нуаздзӕн, нӕдӕр ӕндӕр исты карз нозт, Сыгъдӕг Удӕй хайджын уыдзӕн йӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ.


Мариайы ныхасмӕ Елисаветӕйы гуыбыны йӕ сывӕллон базмӕлыд. Елисаветӕ Сыгъдӕг Удӕй схайджын ис


Се ’ппӕт дӕр схайджын сты Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ райдыдтой алы ӕвзӕгтыл дзурын, Уд сӕ куыд арӕзта, афтӕ.


Уӕдӕ сӕ махӕй алчидӕр йӕ мадӕлон ӕвзаг куыд хъусы?


Ананиа араст, бацыди хӕдзармӕ, Савлыл ӕрӕвӕрдта йӕ къухтӕ ӕмӕ загъта: «Ме ’фсымӕр Савл, ды фӕндагыл куы уыдтӕ, уӕд дӕм Чи раргом, уыцы Бардарӕг Йесо мӕ рарвыста, цӕмӕй цӕстӕй ракӕсай ӕмӕ схайджын уай Сыгъдӕг Удӕй».


уымӕн ӕмӕ рагуац адӕймаджы фӕндонӕй загъд никуы ӕрцыд, фӕлӕ-иу адӕм Сыгъдӕг Удӕй разӕнгардӕй дзырдтой, Хуыцауӕй-иу цы рацыд, уый.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan