Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 1:65 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

65 Сӕ алыварс цӕрджыты се ’ппӕты дӕр тас бацыди. Уӕлхох Иудейы алы кӕрӕтты ӕндӕр кой нал уыд.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 1:65
12 Iomraidhean Croise  

Йесо райгуырди иудейаг Вифлеемы, паддзах Ироды заман. Йӕ райгуырды фӕстӕ Йерусалиммӕ скӕсӕнӕй ӕрбацыдысты стъалыдӕснытӕ ӕмӕ фарстой:


Уыцы цауӕй цалдӕр боны фӕстӕ Мариа йӕхи срӕвдз кодта ӕмӕ хӕхбӕстӕм, иудейаг сахармӕ, ацыди.


Фыййӕутты ныхӕстӕ, чи сӕ фехъуыста, уыдоны се ’ппӕты дӕр стыр дисы бафтыдтой.


Уӕд се ’ппӕт дӕр дисы бафтыдысты ӕмӕ кад кодтой Хуыцауӕн. Тас сӕ бацыди ӕмӕ дзырдтой: «Абон федтам диссаджы хъуыддӕгтӕ».


Адӕмы зӕрдӕты тас бацыд, ӕмӕ кад кодтой Хуыцауӕн: «Стыр пехуымпар фӕзынди не ’хсӕн, ӕмӕ Хуыцау ӕркасти Йӕ адӕммӕ».


Уыцы хабар айхъуыст Эфесы ӕппӕт цӕрджытыл — иудейӕгтыл дӕр ӕмӕ муртаттӕгтыл дӕр, се ’ппӕты дӕр тас бацыд, ӕмӕ Бардарӕг Йесойы ном кадджынӕй-кадджындӕр кодта.


Апостолты фӕрцы-иу сарӕзтӕуыд бирӕ диссӕгтӕ ӕмӕ ӕвдисӕйнӕгтӕ, ӕмӕ алы адӕймагмӕ дӕр уыди Хуыцауы тас.


Ӕмӕ стыр тас бацыд ӕгас аргъуаны, стӕй, уыцы хабар чидӕриддӕр фехъуыста, уыдоны дӕр.


Уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ, Ананиа дзыхъмард фӕци ӕмӕ адӕргъ ис зӕххыл. Уыцы хабар чи фехъуыста, уыдоны стыр тас бацыди.


Афтӕмӕй Йешуа ныффалгӕрон кодта ӕгас бӕстӕ дӕр: уӕлхох ӕмӕ йе скӕсӕйнаг фӕхстӕ, Шефела ӕмӕ Негев сӕ паддзӕхтимӕ. Цӕрӕг удӕй дзы цыдӕриддӕр уыдис — бабын сӕ кодта, аирвӕзыны фадат дзы никӕмӕн радта, Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, куыддӕриддӕр бафӕдзӕхста, афтӕ.


Гивонӕгтӕ Гилгалы рӕсӕнуатмӕ Йешуамӕ удаистӕй фӕхабар кодтой: «Дӕ цагъарты дзӕгъӕл ма ныууадз, рӕвдздӕр нӕм фӕзын ӕххуысмӕ ӕмӕ нӕ фервӕзын кӕн! Хӕхбӕсты цӕрӕг амораг паддзӕхтӕ иууылдӕр нӕ ныхмӕ баиу сты».


Фӕлӕ сӕ ӕртӕ боны ӕмӕ ӕрдӕджы фӕстӕ Хуыцау бауагъта цард, ӕмӕ слӕууыдысты сӕ къӕхтыл. Чи сӕ федта, уыдон баисты стыр тасы амӕттаг.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan