63 Уый ракуырдта фӕйнӕджы гӕбаз ӕмӕ йыл ныффыста: «Йӕ ном Иоанн у». Ӕмӕ се ’ппӕт дӕр дисы бафтыдысты.
Уырнындзинад ӕмӕ рӕстдзинад дӕ макуы ныууадзӕнт, дӕ хъуырыл сӕ бакӕн фӕрдгуытау, дӕ зӕрдӕйы тӕгтыл сӕ ныффыс, —
Уӕдӕ цу, фӕйнӕджы гӕбаз райс ӕмӕ йыл, цыдӕриддӕр дын загътон, уыдӕттӕ ныффыс. Уадз ӕмӕ уыцы фыст баззайа мыггагмӕ.
Иудейы тӕригъӕд ӕхсон ӕмӕ ӕфсӕн сисӕй ныффыстӕуыд адӕмы дур зӕрдӕтыл ӕмӕ нывондхӕссӕнты сыкъатыл.
Ӕмӕ мын Дунедарӕг загъта: «Цы дын раргом кӕнон, уый-иу къӕйдуртыл дзӕбӕх ныффысс, чи йӕ кӕса, уый йӕ ӕнцонӕй куыд равзара, афтӕ.
Йесо уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд, Йӕ фӕдыл чи цыди, уыдонӕн, дисгӕнгӕйӕ, загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: суанг Израилы дӕр Ӕз ахӕм уырнындзинад никӕмӕ федтон.
Фӕлӕ йын зӕд загъта: «Ма тӕрс, Захариа, уымӕн ӕмӕ дӕ куывд фехъуысти Хуыцаумӕ. Дӕ ус Елисаветӕ дын ныййардзӕн фырт, ӕмӕ йӕ схондзынӕ Иоанн.
фӕлӕ йӕ мад не сразы: «Нӕ, Иоанн ӕй схонӕм».