Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 1:59 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

59 Ӕстӕм бон ӕрбацыдысты сывӕллонӕн сунӕт скӕнынмӕ ӕмӕ сӕ фӕндыд, цӕмӕй йыл йӕ фыды ном — Захариа — сӕвӕрой,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 1:59
6 Iomraidhean Croise  

Йӕ райгуырдӕй аст боны кӕуыл рацӕуа, уӕ уыцы лӕппутӕй-иу алчидӕр ӕрцӕуӕд сунӕтгонд. Афтӕ кӕнут фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ, уӕхи ӕмӕ, уӕ цагъарты цотӕй уӕ хӕдзары чи райгуыра, уыдонӕн ӕмӕ, уӕ байзӕддагӕй чи нӕ уа, фӕлӕ кӕцыфӕнды ӕрцӕуӕггагӕй кӕй балхӕнат, уыдонӕн дӕр.


Ӕстӕм бон-иу лӕппу сунӕтгонд ӕрцӕуӕд.


Аст боны фӕстӕ, Сывӕллонӕн Йӕ сунӕты афон куы ралӕууыд, уӕд Ӕй схуыдтой Йесо. Зӕд Ын уыцы ном рагацау радта, Йӕ мады гуыбыны дӕр куы нӕма сӕвзӕрди, уӕд.


Хуыцау Авраамимӕ сарӕзта фидыд; уыцы фидыд домдта сунӕт кӕнын. Ӕмӕ Авраамӕй Исаак куы райгуырд, уӕд ын ӕстӕм бон скодта сунӕт; Исаакӕн райгуырд Йаков, Йаковӕн та — дыууадӕс фырты, нӕ рагфыдӕлтӕ.


Сунӕтгонд ӕрцыдтӕн мӕ царды ӕстӕм бон, дӕн израилаг адӕмӕй, Бениамины хӕдзарвӕндагӕй, дзуттӕгтӕй райгуырӕг дзуттаг, Ӕгъдау куыд ӕххӕст кодтон, уымӕ гӕсгӕ — фарисей,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan