Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 1:58 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

58 Хуыцау ын стыр арфӕ кӕй ракодта, уый фехъуыстой йӕ сыхӕгтӕ, йӕ хӕстӕджытӕ ӕмӕ цин кодтой йемӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 1:58
12 Iomraidhean Croise  

Ды Дӕ цагъары скодтай Дӕ аудыны аккаг, радтай мын стыр хорзӕх: фервӕзын мӕ кодтай. Гъе ӕрмӕст хӕхтӕм балидзын мӕ бон нӕ бауыдзӕни — бӕллӕх мӕ ӕрӕййафдзӕни фӕндагыл, ӕмӕ фесӕфдзынӕн.


Саррӕ загъта: «Фӕхудын мӕ кодта Хуыцау. Ацы хабар чи фехъуса, уый дӕр фӕхуддзӕни мемӕ».


Мах нӕ, Дунедарӕг, мах нӕ, фӕлӕ Дӕ ном скадджын кӕн, Дӕ хорзӕхы, Дӕ ӕцӕгады сӕраппонд!


Дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады зӕрдӕтӕ фыр цинӕй райӕнт, сӕ цины хъӕртӕ райхъуысӕнт!


Дӕ фырт дын стыр цин ӕрхӕсдзӕн, йӕ райгуырдыл бирӕтӕ бацин кӕндзысты,


«Уый мын Хуыцау сарӕзта — ӕркасти мӕм, цӕмӕй адӕмы ’хсӕн ӕгад мауал уон».


Елисаветӕйӕн йӕ арыны афон ӕрхӕццӕ ис, ӕмӕ лӕппу ныййардта.


Фысымӕн та Йесо загъта: «Сихор кӕнӕ ӕхсӕвӕры фынгмӕ дӕ хӕлӕрттӕ, де ’фсымӕртӕ, дӕ хӕстӕджытӕ кӕнӕ хъӕздыг сыхӕгты ма фӕхон, уымӕн ӕмӕ дӕ иу бон уыдон дӕр фӕхондзысты ӕмӕ дын уымӕй дӕ хорздзинад бафиддзысты.


Цин кӕнут, цин чи кӕны, уыдонимӕ ӕмӕ кӕут, чи кӕуы, уыдонимӕ.


Уымӕ гӕсгӕ буары иу уӕнг куы фӕриссы, уӕд иннӕтӕ дӕр фӕриссынц йемӕ. Иу уӕнг куы скадджын уа, уӕд иннӕ уӕнгтӕ дӕр цин кӕнынц йемӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan