55 нӕ фыдӕлтӕн — Авраам ӕмӕ йӕ байзӕддагӕн — зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ».
Арфӕ дын чи ракӕна, уыдонӕн Ӕз дӕр раарфӕ кӕндзынӕн, чи дӕ рафауа, уыдоны та ӕлгъыстаг фӕкӕндзынӕн. Дӕ фӕрцы арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр».
Фӕлӕ Хуыцау загъта: «Дӕ ус Саррӕ дын ныййардзӕни фырт, ӕмӕ йыл сӕвӕрдзынӕ ном Исаак. Ӕз уыимӕ ӕмӕ йӕ байзӕддагимӕ сараздзынӕн мыггагмӕйы фидыд.
Ӕз сараздзынӕн фидыд демӕ ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтимӕ, мыггагмӕйы фидыд, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ: Ӕз уыдзынӕн дӕу ӕмӕ дӕ байзӕддаджы Хуыцау.
Кӕй Мӕм байхъуыстай, уый тыххӕй дӕ байзӕддаджы фӕрцы арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр».
Дӕ байзӕддӕгты дын сбирӕ кӕндзынӕн, арвы стъалытау, ӕмӕ сын ратдзынӕн ацы зӕххытӕ иууылдӕр. Дӕ байзӕддаджы фӕрцы арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр —
Дӕ байзӕддӕгтӕ зӕххы рыгау сбирӕ уыдзысты ӕмӕ ахӕлиу уыдзысты ныгуылӕнӕрдӕм ӕмӕ скӕсӕнӕрдӕм, цӕгатӕрдӕм ӕмӕ хуссарӕрдӕм. Дӕу ӕмӕ дӕ байзӕддӕгты фӕрцы арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр.
Ӕрцыд ӕххуысмӕ Йӕ лӕггадгӕнӕг Израилмӕ, нӕ Дзы ферох ис мыггагмӕ уый йӕ хорзӕхӕй схайджын кӕнын,
Мариа Елисаветӕмӕ фӕци ӕртӕ мӕйы бӕрц ӕмӕ уый фӕстӕ раздӕхти йӕ хӕдзармӕ.