48 Уый ӕркасти Йӕ сӕрныллӕг цагъар чызгмӕ, ӕмӕ мӕ нырӕй фӕстӕмӕ адӕм хондзысты арфӕгонд фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ.
Леа загъта: «Амондджын дӕн! Сылгоймӕгтӕ мӕ схондзысты амондджын». Ӕмӕ сабийыл сӕвӕрдта ном Асир.
Ды Мӕ цагъар Давидӕн фехъусын кӕн: „Афтӕ зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг: Ӕз дӕу сӕрвӕтӕй, дӕ фысты дзугӕй, уый тыххӕй ракодтон, цӕмӕй суай Мӕ адӕмы, Израилы, фӕтӕг.
Хуыцауы тас кӕмӕ ис, уыдон та Дунедарӕджы хорзӕхӕй хайджын уыдзысты мыггагмӕ.
Ды алцы куыд зоныс, уый мӕ ӕфтауы стыр дисы, мӕ зонд ӕй нӕ ахсы!
цалынмӕ Хуыцауы Кувӕндонмӕ бацыдтӕн ӕмӕ сын сӕ кӕрон базыдтон, уӕдмӕ.
Ӕз Мӕхи къухӕй сфӕлдыстон алцы, афтӕмӕй фӕзындысты ӕппӕт уыдӕттӕ! — зӕгъы Дунедарӕг. — Састзӕрдӕ ӕмӕ сӕрныллӕг, Мӕ ныхасмӕ тӕрсгӕ-ризгӕйӕ чи хъусы, уый Мын у адджын.
Адӕмтӕ уӕ амондджын хондзысты, уымӕн ӕмӕ тӕхудиаг уыдзӕн уӕ зӕхх, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.
Зӕд ӕм бацыд ӕмӕ йын загъта: «Байрай, Хуыцауӕй арфӕгонд! Дунедарӕг демӕ ис. [Арфӕгонд дӕ сылгоймӕгты ӕхсӕн.]»
ӕмӕ хъӕрӕй загъта: «Арфӕгонд дӕ сылгоймӕгты ӕхсӕн, ӕмӕ арфӕгонд у, дӕ зӕрдӕйы бын цы Сывӕллон ис, Уый!
Тӕхудиаг у, Хуыцау ын цы загъта, уый кӕй ӕрцӕудзӕн, ууыл баууӕндӕг Чызг!»
Уымӕн ӕмӕ Ӕппӕтхъомыс стыр хъуыддаг сарӕзта мӕнӕн! Уаз у Йӕ ном!
Йесо Йӕ ныхас куы нӕма фӕци, уӕд Ын адӕмы ’хсӕнӕй иу сылгоймаг хъӕрӕй загъта: «Тӕхудиаг у, Дӕу чи ныййардта ӕмӕ Дӕу йӕ риуы ӕхсырӕй чи фӕхаста, уыцы ныййарӕг!»
Аннӕ расомы кодта: «Уӕларвӕфсады Бардарӕг! Дӕ цагъары хъизӕмармӕ куы ’ркӕсай, куынӕ Дӕ ферох уа Дӕ цагъар ӕмӕ йын тырын куы ралӕвар кӕнай, уӕд ӕй Дунедарӕгӕн снывонд кӕндзынӕн. Цӕргӕ-цӕрӕнбонты уыдзӕни Дӕу, ӕмӕ йӕ сӕрыл сӕрдасӕн никуы андзӕвдзӕн».
Рыджы астӕуӕй мӕгуыр лӕджы фелвасы, бырӕтты цӕндӕй — гӕвзыччы, уӕздӕттимӕ сӕ ӕрбадын кӕны, кады бадӕнмӕ сӕм басиды. Дунедарӕджы бар сты зӕххы цӕджындзтӕ, дуне кӕуыл ӕрцарӕзта, уыдон.