Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 1:42 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

42 ӕмӕ хъӕрӕй загъта: «Арфӕгонд дӕ сылгоймӕгты ӕхсӕн, ӕмӕ арфӕгонд у, дӕ зӕрдӕйы бын цы Сывӕллон ис, Уый!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 1:42
13 Iomraidhean Croise  

Кӕй Мӕм байхъуыстай, уый тыххӕй дӕ байзӕддаджы фӕрцы арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр».


Дӕумӕ-иу дзынӕзтой ӕмӕ-иу фервӕзтызты, сӕхи дыл фӕдзӕхстой ӕмӕ никуы фӕфыдӕнхъӕл сты.


Хуыцау — нӕ ныфсы мӕсыг, нӕ хъару, тагъд ӕххуысгӕнӕг — алы фыдбылызы.


Зӕд ӕм бацыд ӕмӕ йын загъта: «Байрай, Хуыцауӕй арфӕгонд! Дунедарӕг демӕ ис. [Арфӕгонд дӕ сылгоймӕгты ӕхсӕн.]»


Мариайы ныхасмӕ Елисаветӕйы гуыбыны йӕ сывӕллон базмӕлыд. Елисаветӕ Сыгъдӕг Удӕй схайджын ис


Мӕ Бардарӕджы мад мӕм ӕрбацӕуа, уыцы хорзӕх мӕм кӕцӕй ӕрхауд?


Уый ӕркасти Йӕ сӕрныллӕг цагъар чызгмӕ, ӕмӕ мӕ нырӕй фӕстӕмӕ адӕм хондзысты арфӕгонд фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ.


«Арфӕгонд уӕд Хуыцауы номӕй ӕрцӕуӕг Паддзах! Фарн — уӕлӕрвты ӕмӕ кад — бӕрзӕндты!»


Уыдонӕн ис рагфыдӕлтӕ; се ’хсӕн райгуырди Чырысти дӕр, ӕппӕтыл Кӕй бар цӕуы, уӕлдӕр Кӕмӕй нӕй, уыцы Хуыцау. Арфӕгонд уӕд ӕнустӕм! Аммен.


уырнындзинад Чи дӕтты ӕмӕ йӕ алцӕмӕй дӕр ӕххӕст Чи кӕны, уыцы Йесомӕ кӕсгӕйӕ: цы цины аккаг уыд, уый бӕсты фӕразонӕй фӕхъизӕмар кодта, худинаг ницӕмӕ ӕрдардта, афтӕмӕй амарди дзуарыл ӕмӕ ныр «бады Хуыцауы рахизфарс».


Арфӕгонд уӕд Йаел, кенаг Хеверы бинойнаг, цатырты цӕрӕг сылгоймӕгты ’хсӕн арфӕгонд у.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan