Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 1:39 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

39 Уыцы цауӕй цалдӕр боны фӕстӕ Мариа йӕхи срӕвдз кодта ӕмӕ хӕхбӕстӕм, иудейаг сахармӕ, ацыди.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 1:39
7 Iomraidhean Croise  

Уӕд Мариа загъта: «Ӕз Бардарӕджы цагъар дӕн; цы загътай, уый мыл ӕрцӕуӕд». Ӕмӕ уыйадыл зӕд нал уыди йӕ разы.


Комкоммӕ Захариайы хӕдзармӕ бацыд ӕмӕ Елисаветӕйӕн салам радта.


Сӕ алыварс цӕрджыты се ’ппӕты дӕр тас бацыди. Уӕлхох Иудейы алы кӕрӕтты ӕндӕр кой нал уыд.


Афтӕмӕй Йешуа ныффалгӕрон кодта ӕгас бӕстӕ дӕр: уӕлхох ӕмӕ йе скӕсӕйнаг фӕхстӕ, Шефела ӕмӕ Негев сӕ паддзӕхтимӕ. Цӕрӕг удӕй дзы цыдӕриддӕр уыдис — бабын сӕ кодта, аирвӕзыны фадат дзы никӕмӕн радта, Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, куыддӕриддӕр бафӕдзӕхста, афтӕ.


Ӕмӕ израилӕгтӕ сӕрӕфснайынӕн снысан кодтой мӕнӕ ацы сахартӕ: Галилейы, Неффалимы байзӕддӕгты хӕхбӕсты — Кедеш, Ефремы фӕдонты хӕхбӕсты — Шехем, иудейӕгты хӕхбӕсты та — Кирйат-Арба (ома Хеврон).


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan