Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 1:36 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

36 Мӕнӕ ма, ӕнӕзӕнӕг кӕй хуыдтой, уыцы Елисаветӕ дӕр, дӕ хӕстӕг, зӕрондӕй куы банхъӕлцау ӕмӕ йыл ныр ӕхсӕзӕм мӕй куы цӕуы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 1:36
10 Iomraidhean Croise  

Сарӕ уыд ӕнӕзӕнӕг, цот ын нӕ цыди.


Аврамы ус Сарӕйӕн зӕнӕг нӕ цыди. Уыди йын унӕут, мысыраг, йӕ ном — Агар.


Авраам ӕмӕ Саррӕ сӕ зӕронды кары бацыдысты, ӕмӕ, сылгоймаг афонӕй-афонмӕ цы низӕй фӕтыхсы, уый дӕр нал хъыгдардта Саррӕйы.


Саррӕ банхъӕлцау ис ӕмӕ, Хуыцау цы афоны кой кодта, уыцы афон Авраамӕн йӕ зӕры бон ныййардта фырт.


Фӕлӕ сылгоймаг банхъӕлцау ӕмӕ йын Елисей куыд загъта, афтӕ афӕдзы фӕстӕ ныййардта лӕппу.


райгуырынӕн ӕмӕ амӕлынӕн; тауынӕн ӕмӕ, цы ныссагъдӕуыд, уый ӕд уидӕгтӕ срӕдувынӕн;


Зӕд ын дзуапп радта: «Сыгъдӕг Уд дыл Йӕхи ӕруадздзӕн, Дунедарӕджы тых дӕ бакӕндзӕни йӕ дӕлбазыр. Афтӕмӕй дӕ цы Хъӕбул райгуыра, Уый уыдзӕни сыгъдӕг, ӕмӕ Йӕ схондзысты Хуыцауы Фырт.


Уымӕн ӕмӕ, Хуыцау цы зӕгъа, уый ӕнӕсӕххӕстӕй нӕ баззайдзӕн».


Иудейаг паддзах Ироды заман Авийайы хӕдзарвӕндаджы уыдис иу сауджын, Захариа, зӕгъгӕ. Йӕ бинойнаг дӕр Аароны байзӕддагӕй уыди, йӕ ном — Елисаветӕ.


Саррӕ дӕр ӕнӕзӕнӕг уыди, йӕ цот кӕныны афон дӕр аивгъуыдта, фӕлӕ йӕм уырнындзинад кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ басывӕрджын ис. Уымӕн ӕмӕ дызӕрдыг нӕ кодта: зӕрдӕ Чи бавӕрдта, Уый Йӕ дзырд нӕ сайы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan