33 Йаковы байзӕддагӕн паддзахиуӕг кӕндзӕни мыггагмӕ, ӕмӕ Йӕ Паддзахадӕн кӕрон никуы ӕрцӕудзӕн».
Мӕ номыл хӕдзар уый сараздзӕн, ӕмӕ йын Ӕз йӕ паддзахы бадӕн ӕмӕ йӕ паддзахад сфидар кӕндзынӕн ӕнустӕм.
Дӕ хӕдзарвӕндаг ӕмӕ дӕ паддзахад никуы фӕцуддзысты, ӕмӕ лӕудзӕни дӕ паддзахы бадӕн Мӕ разы ӕнустӕм“».
Хуыцау уым ис, ӕмӕ сахар нӕ фӕцуддзӕн: Хуыцау ын баххуыс кӕндзӕни сӕумӕйӕ.
Ды адӕймаджы фӕстӕмӕ сыджытмӕ раздахыс, фӕзӕгъыс адӕмӕн: «Раздӕхут сыджытмӕ!»
уӕд ӕрфидар уыдзӕн паддзахдзинад, ӕмӕ паддзахы бадӕныл, Давиды цатыры, ӕрбаддзӕни рӕстаг тӕрхонгӕнӕг, рӕстдзинадыл хӕцӕг.
Паддзах Давиды бадӕны ӕрбаддзӕн, Йӕ паддзахы бартӕ уыдзысты ӕгӕрон ӕмӕ зӕххыл расиддзӕни фидыд. Давиды паддзахад мыггагмӕ ӕрфидар кӕндзӕни, раст тӕрхон хӕсгӕйӕ. Уӕларвӕфсады Бардарӕг Ыл ауддзӕн.
Ралӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ Ӕз бӕрзонд сӕвӕрдзынӕн Давиды байзӕддаджы, рӕстаг Ӕвзар. Йӕ бадӕны ӕрбаддзӕн паддзах, йӕ хъуыддӕгты архайдзӕн уӕлзондимӕ, раст тӕрхон кӕндзӕни зӕххыл.
Ацы паддзахӕдты заман Уӕларвон Хуыцау сырӕзын кӕндзӕн мыггагмӕйы паддзахад. Уыцы паддзахадыл ӕндӕр адӕмтӕ никуы фӕуӕлахиз уыдзысты, никуы фесӕфдзӕн. Йӕ размӕ цы паддзахӕдтӕ уыди, уыдоны ныззыгуым кӕндзӕн, йӕхӕдӕг та лӕудзӕнис ӕнусмӕ.
Ныр ӕз стауын Уӕларвон Паддзахы ӕмӕ Йын кад кӕнын. Йӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ Йӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр раст сты. Уый ӕрныллӕг кӕндзӕн, сӕрбӕрзондӕй чи цӕуы, уыдоны».
Мӕ паддзахады цӕрджытӕ! Тӕрсут ӕмӕ ӕмризӕджы ризут Даниилы Хуыцауы раз! Уый у цардӕгас ӕмӕ ӕнусон Хуыцау! Йӕ паддзахадӕн фесӕфӕн нӕй, ӕмӕ Йӕ хицаудзинадӕн кӕрон никуы ӕрцӕудзӕн!
Фӕлӕ фӕстӕдӕр паддзахы бартӕ айсдзысты Иууылбӕрзонды сыгъдӕджытӕ, ӕмӕ паддзахдзинад мыггагӕй-мыггагмӕ уыдзӕни сӕ къухы“.
Ӕппӕт зӕххон паддзахӕдты бартӕ, сӕ кад ӕмӕ сӕ хъӕздыгдзинад лӕвӕрд ӕрцӕудзысты сыгъдӕджытӕн, Иууылбӕрзонды адӕмӕн. Йӕ паддзахад у ӕнусон, ӕппӕт барджын хицӕуттӕ Йын лӕггад кӕндзысты ӕмӕ Йӕм хъусдзысты“.
Сионы хохмӕ ’рбацӕудзысты ирвӕзынгӕнджытӕ — Исавы хохӕн тӕрхон кӕнынмӕ, ӕмӕ ралӕудзӕнис Дунедарӕджы паддзахад.
Ӕз сӕвзардзынӕн къуылыхты ӕмӕ сӕ фервӕзын кӕндзынӕн, дард рӕтты кӕй ныххӕлиу кодтон, уыдонӕй скӕндзынӕн тыхджын адӕм, ӕмӕ сын Дунедарӕг уӕдӕй фӕстӕмӕ ӕмӕ мыггагмӕ паддзахиуӕг кӕндзӕни Сионы хохыл.
Мӕнӕ Йесо Чырыстийы — Авраам ӕмӕ Давиды байзӕддаджы — хӕдзарвӕндаг.
Йесо сӕм ӕрбахӕстӕг ис ӕмӕ сын загъта: «Арв ӕмӕ зӕххыл ӕппӕт бартӕ дӕр Мӕнӕн лӕвӕрд сты.
Мариа бафарста Зӕды: «Ӕз нырма моймӕдзыд куы нӕ дӕн, уӕд уымӕн уӕвӕн куыд ис?»
Уый зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ Хуыцау Йӕ ныхас фӕсайдта. Израилы байзӕддӕгтӕ се ’ппӕт ӕцӕг израилӕгтӕ не сты.
Кӕд сымах Чырыстийы стут, уӕд Авраамы байзӕддӕгтӕ стут, стӕй, Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уымӕн — Йӕ бындартӕ.
Ацы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ чи цӕры, уыдон хайджын уӕнт хорзӕх ӕмӕ фарнӕй, ӕмӕ семӕ Хуыцауы ӕппӕт Израил!
Мах стӕм ӕцӕг сунӕтгонд — кусӕм Хуыцауӕн, Сыгъдӕг Уд нӕ куыд аразы, афтӕ. Нӕ зӕрдӕ зӕххоныл нӕ дарӕм, фӕлӕ сӕрыстыр стӕм, Йесо Чырыстиимӕ кӕй стӕм, уымӕй.
Фырты тыххӕй та: «Хуыцау, Дӕ паддзахы бадӕн у ӕнусон. Дӕ Паддзахады лӕдзӕг — рӕстдзинады лӕдзӕг.
Ӕвдӕм зӕд ныууасыд сыкъауадындзӕй, ӕмӕ уӕларвы азӕлыдысты ахӕм ныхӕстӕ: «Дуне ныр сси нӕ Дунедарӕджы ӕмӕ Йӕ Чырыстийы Паддзахад, ӕмӕ Уый паддзахиуӕг кӕндзӕни ӕнусӕй-ӕнустӕм».