Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 1:28 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

28 Зӕд ӕм бацыд ӕмӕ йын загъта: «Байрай, Хуыцауӕй арфӕгонд! Дунедарӕг демӕ ис. [Арфӕгонд дӕ сылгоймӕгты ӕхсӕн.]»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 1:28
17 Iomraidhean Croise  

Мацӕмӕй тӕрсут, уымӕн ӕмӕ Ӕз уемӕ дӕн ӕмӕ уе ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кӕндзынӕн скӕсӕнӕй дӕр ӕмӕ ныгуылӕнӕй дӕр.


Уый мын загъта: «Ма тӕрс, Хуыцау дӕ бирӕ уарзы. Фӕрнджын у! Дӕхи фӕхъӕддых кӕн!» Цалынмӕ мемӕ дзырдта, уӕдмӕ мӕхимӕ ӕрцыдтӕн ӕмӕ загътон: «Дзур, мӕ хицау, раздӕхтай мын мӕ хъару».


Израил, раздӕх дӕ Хуыцаумӕ, уымӕн ӕмӕ дӕ тӕригъӕдты тыххӕй сӕфыс.


Йесо йӕ бафарста: «Чи у Мӕ мад, ӕмӕ чи сты Ме ’фсымӕртӕ?»


ӕнӕцыд чызгмӕ, Давиды байзӕддаг Йосифимӕ фидыд чи уыди, уымӕ; йӕ ном — Мариа.


Мариа тынг бадис кодта ӕмӕ хъуыдыты аныгъуылд, уӕдӕ уыцы ныхӕстӕ цы амонынц, зӕгъгӕ.


Зӕд ын загъта: «Ма тӕрс, Мариа! Хуыцау дӕ Йӕ хорзӕхӕй схайджын кодта.


ӕмӕ хъӕрӕй загъта: «Арфӕгонд дӕ сылгоймӕгты ӕхсӕн, ӕмӕ арфӕгонд у, дӕ зӕрдӕйы бын цы Сывӕллон ис, Уый!


Ӕз демӕ дӕн, ӕмӕ дӕм фыдбылыз саразынмӕ никӕй къух баххӕсдзӕн, уымӕн ӕмӕ Мын ацы сахары бирӕ адӕм ис».


Уымӕ гӕсгӕ Йе стыр хорзӕх у кады аккаг — Йӕ уарзон Фырты руаджы нын цы лӕвар ракодта, уый тыххӕй.


Арфӕгонд уӕд Йаел, кенаг Хеверы бинойнаг, цатырты цӕрӕг сылгоймӕгты ’хсӕн арфӕгонд у.


Дунедарӕджы зӕд ӕм ӕргом рацыд ӕмӕ йын загъта: «Уӕ сахъ гуырд, Дунедарӕг демӕ ис!»


Уӕдмӕ Боаз ӕрбацыди Вифлеемӕй ӕмӕ хуымгӕрдджытӕн салам радта: «Дунедарӕджы хорзӕх уӕ уӕд!» Уыдон ын дзуапп радтой: «Дунедарӕг дын раарфӕ кӕнӕд!»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan