25 «Уый мын Хуыцау сарӕзта — ӕркасти мӕм, цӕмӕй адӕмы ’хсӕн ӕгад мауал уон».
Ревеккӕйӕн зӕнӕг нӕ цыд, ӕмӕ Исаак Дунедарӕгӕн лӕгъстӕ кодта. Дунедарӕг ын йӕ куывд фехъуыста, ӕмӕ Ревеккӕ банхъӕлцау ис.
Саулы чызг Мелхолӕйӕн йӕ амӕлӕты бонмӕ цот нӕ рацыд.
мӕлӕтӕн мыггагмӕ скӕндзӕни кӕрон, алкӕмӕн дӕр йӕ цӕссыгтӕ ныссӕрфдзӕн, зӕххы цъарыл Йӕ адӕмы худинагӕй бахиздзӕн. Афтӕ загъта Дунедарӕг.
Уӕд авд сылгоймаджы иу нӕлгоймагыл ныххӕцдзысты ӕмӕ зӕгъдзысты: «Нӕхицӕн къӕбӕр ӕмӕ дарӕс нӕхӕдӕг амал кӕндзыстӕм, ӕрмӕст нӕ дӕхицӕн устытӕ скӕн, худинагӕй нӕ фервӕзын кӕн».
Фӕлӕ йын зӕд загъта: «Ма тӕрс, Захариа, уымӕн ӕмӕ дӕ куывд фехъуысти Хуыцаумӕ. Дӕ ус Елисаветӕ дын ныййардзӕн фырт, ӕмӕ йӕ схондзынӕ Иоанн.
Уымӕй чысыл фӕстӕдӕр йӕ ус Елисаветӕ банхъӕлцау ис. Фыццаг фондз мӕйы йӕхи адӕмӕй ӕмбӕхста ӕмӕ дзырдта:
Саррӕ дӕр ӕнӕзӕнӕг уыди, йӕ цот кӕныны афон дӕр аивгъуыдта, фӕлӕ йӕм уырнындзинад кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ басывӕрджын ис. Уымӕн ӕмӕ дызӕрдыг нӕ кодта: зӕрдӕ Чи бавӕрдта, Уый Йӕ дзырд нӕ сайы.
Стӕй ма йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Ӕрмӕст мӕм иу курдиат ис: дыууӕ мӕйы-ма банхъӕлмӕ кӕс. Ӕз ме ’мбӕлттимӕ хӕхтӕм ацӕудзынӕн ӕмӕ уым фӕкӕудзынӕн мӕ хъысмӕтыл — мойы ад кӕй нӕ базондзынӕн, ууыл».
Йе ’мыджыр та йыл ӕфхӕрынӕй нӕ ауӕрста, мӕстӕй йӕ мардта, Дунедарӕг ын зӕнӕг кӕй нӕ радта, уый тыххӕй.