Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 1:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

22 Куы рацыд, уӕд йӕ бон дзурын нӕ уыд, ӕмӕ адӕм бамбӕрстой, Кувӕндоны диссаг кӕй федта, уый. Йӕ къухты тылдӕй ӕмбарын кодта йӕ зӕгъинӕгтӕ, дзургӕ дӕр ӕмӕ хъусгӕ дӕр нал кодта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 1:22
8 Iomraidhean Croise  

Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ Де ’взаг дӕ комарынгыл баныхӕсдзӕн, багомыг уыдзынӕ ӕмӕ сын дӕ бон уайдзӕфтӕ кӕнын нал суыдзӕн, уымӕн ӕмӕ уыдон ӕгоммӕгӕс адӕм сты.


Адӕм ӕнхъӕлмӕ кастысты Захариамӕ ӕмӕ дис кодтой, Кувӕндоны куыд тынг ныффӕстиат ис, зӕгъгӕ.


Кувӕндоны йӕ лӕггады рад куы ахицӕн ис, уӕд ӕрбаздӕхти йӕ хӕдзармӕ.


Уӕд, къухӕй амонгӕйӕ, фарстой сабийы фыды, цы ном сӕвӕрын дӕ фӕнды, зӕгъгӕ.


ӕмӕ йӕм Симон Петр ацамыдта, кӕй тыххӕй дзуры, уымӕй ма Йӕ бафӕрс, зӕгъгӕ.


Петр сын йӕ къухӕй ацамыдта, цӕмӕй банцайой, ӕмӕ сын радзырдта, Бардарӕг ӕй ахӕстонӕй куыд ракодта, уый тыххӕй. Стӕй сын загъта: «Ацы хабар фехъусын кӕнут Йаковӕн ӕмӕ иннӕ ӕфсымӕртӕн». Уый фӕстӕ рацыди уырдыгӕй ӕмӕ араст ис ӕндӕр ранмӕ.


Иудейӕгтӕ размӕ рацӕуын кодтой Александры. Уый йӕ къухӕй ацамыдта, цӕмӕй адӕм басабыр уой, ӕмӕ хъавыди дзыллӕйы раз йӕхиуӕтты сраст кӕнынмӕ.


Бар ын куы радта, уӕд Павел, асиныл лӕугӕйӕ, адӕмӕн йӕ къухӕй ацамыдта ӕмӕ, куы ӕрсабыр сты, уӕд райдыдта дзуттагау дзурын:


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan