Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 1:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Зӕд ын дзуапп радта: «Ӕз дӕн Гавриил, Хуыцауы раз лӕггадгӕнӕг, ӕмӕ дӕм уымӕн ӕрвыст дӕн, цӕмӕй дын ацы цины уац фехъусын кӕнон.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 1:19
8 Iomraidhean Croise  

Улайы доны астӕуӕй мӕм адӕймаджы хъӕлӕсӕй ӕрбадзырдӕуыд: «Гавриил, ацы лӕгӕн, йӕ фын цы амоны, уый бамбарын кӕн».


Хъусут, ацы кӕстӕртӕй иуыл дӕр ӕнӕввӕрсон ма ут. Зӕгъын уын: уыдонӕн сӕ зӕдтӕ уӕлӕрвты ӕдзух уынынц Мӕ Уӕларвон Фыды цӕсгом.


Кӕй дын загътон, уый йӕ афоныл ӕнӕмӕнг ӕрцӕудзӕн, фӕлӕ мын ды мӕ ныхӕстыл кӕй нӕ баууӕндыдтӕ, уый тыххӕй ныртӕккӕ багомыг уыдзынӕ ӕмӕ, цалынмӕ уыцы хъуыддаг ӕрцӕуа, уӕдмӕ дӕ дзыхӕй не сдзурдзынӕ».


Елисаветӕ ӕхсӕзӕм мӕй ӕнхъӕлцау куы уыд, уӕд Хуыцау Йӕ зӕд Гавриилы арвыста галилейаг сахар Назаретмӕ,


Зӕд сын загъта: «Ма тӕрсут, ӕз уӕм ӕрцыдтӕн, ӕппӕт адӕмӕн дӕр стыр циндзинад чи ӕрхӕсдзӕн, уыцы Фарны Уац фехъусын кӕнынмӕ:


Уӕдӕ иудадзыг уӕхи цӕттӕ дарут ӕмӕ кувут, цӕмӕй уӕ бон бауа ӕппӕт ӕрцӕуинаг бӕллӕхты сӕрты ахизын ӕмӕ Адӕймаджы Фырты раз ӕрлӕууын».


Махӕн ис, уӕлӕрвтӕй уӕлдӕр Чи ссыди, уыцы стыр Алчер Йесо, Хуыцауы Фырт, ӕмӕ мах хъуамӕ фидар хӕцӕм, ӕргомӕй кӕуыл ӕууӕндӕм, уыцы ӕцӕгдзинадыл.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan