18 Захариа бафарста Зӕды: «Ӕз ууыл куыд хъуамӕ баууӕндон, кӕд ӕмӕ мӕхӕдӕг дӕр зӕронд дӕн, стӕй мӕ ус дӕр зӕронд у, уӕд?»
Аврам бафарста: «О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау, цӕмӕй бӕрӕг у, ацы зӕхх мӕн кӕй уыдзӕни, уый?»
Авраам ныддӕлгом ис Хуыцауы раз, фӕлӕ йӕхинымӕр бахудт: «Нӕ зонын, фондзыссӕдзаздзыд зӕрондӕн ма исты рантыса? Дӕс ӕмӕ цыппарыссӕдзаздзыд Саррӕ дӕр ма исты ныййара?»
Уымӕ гӕсгӕ йӕхинымӕр бахудти: «Ныридӕгӕн куы ныххӕррӕгъ дӕн, уӕд ма мӕ цавӕр амонд хъуамӕ фӕуа? Мӕ сӕры хицау дӕр зӕронд куы у».
Паддзахы фӕсдзӕуин афтӕ бакодта: «Ӕниу Дунедарӕг арвы дуӕрттӕ дӕр куы бакӕнид, уӕд уырдыгӕй исты ахӕм ӕрхауид!» Елисей йын загъта: «Дӕхи цӕстӕй сӕ фендзынӕ, фӕлӕ дзы нӕ саходдзынӕ».
Езекиа бафарста: «Цӕмӕй базондзынӕн, ногӕй та Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ бацӕуын мӕ бон суыдзӕн, уый?»
Мариа бафарста Зӕды: «Ӕз нырма моймӕдзыд куы нӕ дӕн, уӕд уымӕн уӕвӕн куыд ис?»
Цот сын нӕ рацыд, уымӕн ӕмӕ Елисаветӕ ӕнӕзӕнӕг уыдис. Афтӕмӕй сӕ дыууӕйыл дӕр дзӕвгар азтӕ рацыд.
Авраам ӕмбӕрста: цӕуы йыл фондзыссӕдз азы бӕрц, йӕ буар сӕдых, Саррӕ нал ныййардзӕни, фӕлӕ уӕддӕр йӕ уырнындзинад нӕ фӕцудыдта.