Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 1:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Израилы адӕмӕй бирӕты уый фӕстӕмӕ раздахдзӕни сӕ Бардарӕг Хуыцаумӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 1:16
8 Iomraidhean Croise  

Загъта мын: «Ды — Мӕ лӕггадгӕнӕг, фӕлӕ ма, уымӕй уӕлдай, Ды Йаковы раздӕры хъомыс раздахдзынӕ. Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ ды рухс суыдзынӕ адӕмтӕн, цӕмӕй, Мӕнӕй цы ирвӕзындзинад рацыд, уый аххӕсса зӕххы кӕрӕттӕм».


Куырыхонтӕ сӕуӕхсидау ныррухс уыдзысты ӕмӕ, адӕмы раст фӕндагмӕ чи раздӕхта, уыдон ӕнусмӕ стъалытау цӕхӕр калдзысты.


Мӕнӕ Ӕз ӕрвитын Мӕ фидиуӕджы, цӕмӕй Мын Мӕ развӕндаг слӕгъз кӕна. Ӕвиппайды Йӕ Кувӕндонмӕ ӕрцӕудзӕн, сымах кӕй агурут, уыцы Бардарӕг, кӕмӕ бӕллут, уыцы бадзырды Фидиуӕг. Мӕнӕ ныридӕгӕн ӕрбацӕуы, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —


Уымӕн ӕмӕ Иоанн ӕрцыди, цӕмӕй уын раст фӕндаг бацамона, ӕмӕ йыл нӕ баууӕндыдыстут, хъалонисджытӕ ӕмӕ йыл хъахбайтӕ та баууӕндыдысты. Сымах уый федтат, фӕлӕ уӕддӕр не ’рфӕсмон кодтат ӕмӕ йыл нӕ баууӕндыдыстут.


Дӕу та, хъӕбул, схондзысты Иууылбӕрзонды пехуымпар, уымӕн ӕмӕ цӕудзынӕ Бардарӕджы разӕй, цӕмӕй Йын фӕндаг ӕрцӕттӕ кӕнай


Уыйадыл Иоанн Иорданы алфамбылай зилын райдыдта ӕмӕ адӕмӕн ӕмбарын кодта, сӕ тӕригъӕдтӕ сын хатыргонд кӕй ӕрцӕудзысты, куы сыл ӕрфӕсмон кӕной ӕмӕ уый нысанӕн донаргъуыд куы райсой, уӕд.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan