13 Фӕлӕ йын зӕд загъта: «Ма тӕрс, Захариа, уымӕн ӕмӕ дӕ куывд фехъуысти Хуыцаумӕ. Дӕ ус Елисаветӕ дын ныййардзӕн фырт, ӕмӕ йӕ схондзынӕ Иоанн.
Мӕнӕ уын, гъе, Мӕ фидыд, ӕмӕ де ’ппӕт байзӕддӕгтӕ ӕххӕст кӕнӕнт йӕ домӕн: сунӕтгонд уӕм-иу ӕрцӕуӕд алы нӕлгоймаг дӕр.
Фӕлӕ Хуыцау загъта: «Дӕ ус Саррӕ дын ныййардзӕни фырт, ӕмӕ йыл сӕвӕрдзынӕ ном Исаак. Ӕз уыимӕ ӕмӕ йӕ байзӕддагимӕ сараздзынӕн мыггагмӕйы фидыд.
Дунедарӕджы бон цы нӕу? Нысангонд рӕстӕджы дӕм ногӕй ӕрцӕудзынӕн, ӕмӕ Саррӕйӕн уыдзӕни лӕппу».
Ревеккӕйӕн зӕнӕг нӕ цыд, ӕмӕ Исаак Дунедарӕгӕн лӕгъстӕ кодта. Дунедарӕг ын йӕ куывд фехъуыста, ӕмӕ Ревеккӕ банхъӕлцау ис.
Мах нӕ, Дунедарӕг, мах нӕ, фӕлӕ Дӕ ном скадджын кӕн, Дӕ хорзӕхы, Дӕ ӕцӕгады сӕраппонд!
Ды ӕрцахуыр кодтай сӕрыстырты. Ды ралгъыстай, Дӕ фӕдзӕхстытыл йӕ къух чи ауыгъта, уыдоны.
Уый фӕстӕ ӕз ӕмуат ӕрцыдтӕн сылгоймаг-пехуымпаримӕ. Уый банхъӕлцау ис ӕмӕ мын ныййардта фырт. Дунедарӕг мын загъта: «Сӕвӕр ыл ном Магер-Шалал-Хаш-Баз.
Уый мын загъта: «Ма тӕрс, Даниил! Сусӕгтӕ бамбарынмӕ тырнгӕйӕ, Хуыцауы раз сӕрныллӕгӕй фыццаг хатт куы ӕрлӕууыдтӕ, уӕд дын тӕккӕ уыцы бон дӕ куывд фехъуыста, ӕмӕ ӕз уымӕн ӕрцыдтӕн.
Дунедарӕг Осиайӕн загъта: «Сӕвӕр ыл ном Изреел. Чысыл рӕстӕджы фӕстӕ Мын Изреелы туг Йегу бафиддзӕни, ӕмӕ Ӕз йӕ бындур ныззилдзынӕн Израилы паддзахӕн.
Гомер та ногӕй басывӕрджын ӕмӕ чызг ныййардта. Дунедарӕг загъта Осиайӕн: «Сӕвӕр ыл ном Лорухамӕ, ома Ӕнӕхатыргонд, уымӕн ӕмӕ Ӕз нал ныббардзынӕн Израилы адӕмӕн, нал сын ныххатыр кӕндзынӕн.
Ныййардзӕни дын Фырт ӕмӕ Йӕ схондзынӕ Йесо, уымӕн ӕмӕ Уый Йӕ адӕмы сӕ тӕригъӕдтӕй фервӕзын кӕндзӕн».
Уӕд сӕм Йесо сдзырдта: «Фидар фӕлӕуут, уый Ӕз дӕн! Ма тӕрсут».
Зӕд сылгоймӕгтӕн загъта: «Ма тӕрсут! Ӕз зонын, дзуарылтыгъд Йесойы кӕй агурут, уый.
Фӕлӕ сын уый загъта: «Ма тӕрсут. Сымах дзуарылтыгъд Назаретаг Йесойы агурут — ам нӕй, райгас ис. Мӕнӕ, кӕм Ӕй бавӕрдтой, уыцы бынат.
Дӕ фырт дын стыр цин ӕрхӕсдзӕн, йӕ райгуырдыл бирӕтӕ бацин кӕндзысты,
Зӕд ын загъта: «Ма тӕрс, Мариа! Хуыцау дӕ Йӕ хорзӕхӕй схайджын кодта.
Аст боны фӕстӕ, Сывӕллонӕн Йӕ сунӕты афон куы ралӕууыд, уӕд Ӕй схуыдтой Йесо. Зӕд Ын уыцы ном рагацау радта, Йӕ мады гуыбыны дӕр куы нӕма сӕвзӕрди, уӕд.
ӕмӕ мын загъта: „Корнелий, дӕ куывд дын фехъуыстӕуыд, дӕ хорз хъуыддӕгтӕ нӕ ферох сты Хуыцауӕй.
Дунедарӕг ын загъта: «Ӕрсабыр у! Ма тӕрс, нӕ амӕлдзынӕ».
Дунедарӕг ӕркаст Аннӕмӕ, ӕмӕ та ус банхъӕлцау ис. Ныййардта ма ӕртӕ лӕппу ӕмӕ дыууӕ чызджы. Ныр ӕвзонг Самуел та хъомыл кодта Дунедарӕджы хӕдзары.