Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 1:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Ӕмӕ ӕваст Захариамӕ раргом ис Хуыцауы зӕд — будсудзӕн нывондхӕссӕны рахизфарс лӕууыд.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 1:11
15 Iomraidhean Croise  

Буд-иу Дунедарӕджы раз зынгыл ӕрӕвӕрӕд, ӕмӕ буды фӕздӕг Фидыды Чырыны сӕр ӕрӕмбӕрздзӕн, цӕмӕй Аарон ма амӕла.


Зӕд ын дзуапп радта: «Ӕз дӕн Гавриил, Хуыцауы раз лӕггадгӕнӕг, ӕмӕ дӕм уымӕн ӕрвыст дӕн, цӕмӕй дын ацы цины уац фехъусын кӕнон.


Зӕд ӕм бацыд ӕмӕ йын загъта: «Байрай, Хуыцауӕй арфӕгонд! Дунедарӕг демӕ ис. [Арфӕгонд дӕ сылгоймӕгты ӕхсӕн.]»


Зӕд сын загъта: «Ма тӕрсут, ӕз уӕм ӕрцыдтӕн, ӕппӕт адӕмӕн дӕр стыр циндзинад чи ӕрхӕсдзӕн, уыцы Фарны Уац фехъусын кӕнынмӕ:


Ӕвиппайды Хуыцауы зӕд сӕ разы февзӕрди, ӕмӕ Хуыцауы кадӕй бӕстӕ ныррухс ис. Фыййӕуттӕ фыр тӕссӕй сӕхи дӕр нал ӕмбӕрстой.


Фӕлӕ Дунедарӕджы зӕд ӕхсӕвы байгом кодта ахӕстоны дуӕрттӕ, ӕддӕмӕ сӕ рауагъта ӕмӕ загъта:


Ау, зӕдтӕ иууылдӕр цумагӕнӕн монтӕ не сты, ӕмӕ сӕ Хуыцау, чи хъуамӕ фервӕза, уыдонӕн балӕггад кӕнынмӕ не ’рвиты?


Ӕхсӕзӕм зӕд сыкъауадындзӕй ныууасыд, ӕмӕ мӕм, Хуыцауы раз цы сыгъзӕрин нывондхӕссӕн уыди, уымӕн йӕ цыппар сыкъайӕ райхъуысти хъӕлӕс.


Дунедарӕджы зӕд Маноахы усмӕ ӕргом рацыд ӕмӕ йын загъта: «Ды ӕнӕзӕнӕг дӕ, цот дын нӕй, фӕлӕ банхъӕлцау уыдзынӕ, ӕмӕ дын фырт райгуырдзӕни.


Хуыцау Маноахы курдиат сӕххӕст кодта. Дунедарӕджы зӕд Маноахы бинойнагмӕ дыккаг хатт ӕргом рацыди. Уыцы рӕстӕг сылгоймаг бадти быдыры, Маноах йӕ разы нӕ уыди.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan