10 Буд судзыны рӕстӕджы кӕрты уыди бирӕ кувӕг адӕм.
Мӕ хъӕстытӕ фӕкодтон Йӕ разы, мӕ хъизӕмар Ын раргом кодтон.
Бӕстӕйы адӕм-иу, кулдуарыл бахизыны размӕ, Дунедарӕгмӕ бакувӕнт, сабаты дӕр ӕмӕ мӕйноджы бӕрӕгбоны дӕр.
Аарон-иу Рухсмонуатмӕ тӕригъӕдтӕ ссыгъдӕг кӕнынмӕ куы бацӕуа, уӕд хъуамӕ Фембӕлды Цатыры иунӕг адӕймаг дӕр ма уа, цалынмӕ фӕстӕмӕ рацӕуа, уӕдмӕ. Афтӕмӕй сӕххӕст кӕндзӕн йӕхи, йӕ хӕдзаронты ӕмӕ ӕппӕт Израилы адӕмы тӕригъӕдтӕ ныббарыны ӕгъдау.
дӕс шекелы уӕзӕн сыгъзӕрин куыси, будӕй йемыдзаг;
Махӕн ис, уӕлӕрвтӕй уӕлдӕр Чи ссыди, уыцы стыр Алчер Йесо, Хуыцауы Фырт, ӕмӕ мах хъуамӕ фидар хӕцӕм, ӕргомӕй кӕуыл ӕууӕндӕм, уыцы ӕцӕгдзинадыл.
Чырысти лӕджы къухӕй конд кувӕндонмӕ нӕ бацыд, ӕцӕг Кувӕндонӕн ӕрмӕстдӕр йӕ халдих чи у, ахӕммӕ, фӕлӕ ацыди комкоммӕ уӕларвмӕ, цӕмӕй мах тыххӕй ӕрлӕууа Хуыцауы раз.
Ӕрбацыд ӕндӕр зӕд сыгъзӕрин будсудзӕнимӕ ӕмӕ ӕрлӕууыд нывондхӕссӕны раз. Бирӕ буд ын лӕвӕрд ӕрцыд, цӕмӕй йӕ ӕппӕт сыгъдӕджыты куывдтытимӕ ӕрӕвӕра, паддзахы бадӕны раз цы сыгъзӕрин нывондхӕссӕн уыди, ууыл.