Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 9:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Израилӕгтӕ, Моисей сын цы бафӕдзӕхста, уыдӕттӕ Фембӕлды Цатыры цурмӕ сӕмбӕлын кодтой. Адӕм се ’ппӕт дӕр ӕрбацыдысты ӕмӕ Дунедарӕджы раз ӕрлӕууыдысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 9:5
7 Iomraidhean Croise  

Давид ӕппӕт Израилы адӕммӕ дӕр фӕсидт Йерусалиммӕ, цӕмӕй Дунедарӕджы Фидыды Чырын ӕрбахӕссой, цы бынат ын равзӕрста, уырдӕм.


Ӕвдӕм мӕй куы ралӕууыди ӕмӕ израилӕгтӕ сӕ сахарты куы ӕрбынӕттон сты, уӕд адӕм иууылдӕр иу лӕгау ӕрӕмбырд сты Донхӕссӕн кулдуары цур фӕзмӕ ӕмӕ динамонӕг Езрайӕн загътой, Дунедарӕг Израилӕн кӕй бафӕдзӕхста, Моисейы Ӕгъдауы уыцы тухгӕ чиныг рахӕсс, зӕгъгӕ.


Моисей сӕ рӕсӕнуатӕй Хуыцауы размӕ акодта, ӕмӕ хохрӕбын ӕрлӕууыдысты.


Фидыды нывондӕн та гал ӕмӕ фыр ӕрбакӕнӕнт, цӕмӕй сӕ Дунедарӕджы раз нывондӕн ӕрхӕссой. Ноджы ма ӕрбахӕссӕнт сойамӕст хойраджы хуын. Дунедарӕг уӕм раргом уыдзӕн абон».


Моисей загъта: «Мӕнӕ уын цы бафӕдзӕхста Дунедарӕг, цӕмӕй уӕм Йӕ кад раргом уа, уый тыххӕй».


Ӕрӕмбырд кӕнут адӕмы — нӕлгоймӕгты, сылгоймӕгты, сабиты, уӕ сахарты цӕрӕг ӕрцӕуӕггӕгты, цӕмӕй хъусой ӕмӕ ахуыр кӕной, цӕмӕй тӕрсой Дунедарӕгӕй, уӕ Хуыцауӕй, ӕмӕ ацы Ӕгъдау бӕстон ӕххӕст кӕной.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan