Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 9:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Фидыды нывондӕн та гал ӕмӕ фыр ӕрбакӕнӕнт, цӕмӕй сӕ Дунедарӕджы раз нывондӕн ӕрхӕссой. Ноджы ма ӕрбахӕссӕнт сойамӕст хойраджы хуын. Дунедарӕг уӕм раргом уыдзӕн абон».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 9:4
18 Iomraidhean Croise  

Аарон уыцы ныхас израилӕгтӕн куы рафӕзмыдта, уӕд адӕм се ’ргом ӕдзӕрӕг быдырмӕ сарӕзтой — ӕмӕ дын сӕм ӕврагъӕй куы разынид Дунедарӕджы кад.


цӕмӕй цӕттӕ уой иннӕбонмӕ, уымӕн ӕмӕ иннӕбон Дунедарӕг ӕппӕт адӕмы раз ӕрхиздзӕни Синайы хохмӕ.


уый Дунедарӕджы кад ӕрцыди Синайы хохмӕ. Ӕхсӕз боны дӕргъы хох мигъӕй нӕ зынд. Ӕвдӕм бон Дунедарӕг мигъы хуылфӕй фӕсидти Моисеймӕ.


Уым Мӕхи ӕргом кӕндзынӕн израилӕгтӕм, ӕмӕ Цатыр Мӕ кады фӕрцы суыдзӕни уаз.


Уым федтон, Израилы Хуыцауы кад скӕсӕнӕрдыгӕй куыд ӕрбаввахс кӕны, уый. Йӕ хъӕлӕс уыдис бирӕ дӕтты уынӕрау, Йӕ кады рухсӕй дуне ныррухс ис.


Уыцы бонтӕ куы фӕуой, уӕд-иу уын, ӕстӕм бонӕй фӕстӕмӕ, сауджынтӕ нывондхӕссӕныл хӕссӕнт уӕ иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ уӕ фидыды нывӕндтӕ, ӕмӕ уыл Ӕз ауддзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.


Дунедарӕгӕн хойраджы хуын чи хӕсса, уый хъуамӕ райса мӕнӕуы ссад, ӕркӕна йыл оливӕйы сой, ӕрӕвӕра йыл буд


Исчи фидыды нывонд стурвосӕй куы хӕсса, гал кӕнӕ хъуг, уӕд Дунедарӕджы размӕ ӕрбакӕнӕд ӕнӕсахъат кусӕрттаг.


Моисей ӕмӕ Аарон бацыдысты Фембӕлды Цатырмӕ. Фӕстӕмӕ куы рацыдысты, уӕд адӕмӕн арфӕ ракодтой, ӕмӕ ӕппӕт адӕммӕ Дунедарӕджы кад раргом ис.


Израилӕгтӕн бафӕдзӕхс, цӕмӕй тӕригъӕды нывондӕн ӕрбакӕной цӕу, иууылсудзинагӕн та — афӕдздзыд уӕныг ӕмӕ фыргуист, сӕ дыууӕ дӕр хъуамӕ уой ӕнӕсахъат.


Израилӕгтӕ, Моисей сын цы бафӕдзӕхста, уыдӕттӕ Фембӕлды Цатыры цурмӕ сӕмбӕлын кодтой. Адӕм се ’ппӕт дӕр ӕрбацыдысты ӕмӕ Дунедарӕджы раз ӕрлӕууыдысты.


Моисей загъта: «Мӕнӕ уын цы бафӕдзӕхста Дунедарӕг, цӕмӕй уӕм Йӕ кад раргом уа, уый тыххӕй».


Фӕлӕ сӕ дзыллӕ дурты бын фӕкӕнынмӕ хъавыдысты. Ӕмӕ уӕд Дунедарӕджы кад разынди Фембӕлды Цатырӕй ӕппӕт израилӕгтӕм,


Корах ӕппӕт дзыллӕйы ӕрбамбырд кодта Моисей ӕмӕ Аароны ныхмӕ: Фембӕлды Цатыры бахизӕны раз лӕууыдысты. Ӕмӕ уӕд Дунедарӕджы кад Йӕхи равдыста дзыллӕмӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan