23 Моисей ӕмӕ Аарон бацыдысты Фембӕлды Цатырмӕ. Фӕстӕмӕ куы рацыдысты, уӕд адӕмӕн арфӕ ракодтой, ӕмӕ ӕппӕт адӕммӕ Дунедарӕджы кад раргом ис.
Соломон куывд куы фӕци, уӕд арвӕй арт ӕрцыди ӕмӕ аныхъуырдта иууылсудзинаг дӕр ӕмӕ иннӕ нывӕндтӕ дӕр. Кувӕндон байдзаг ис Дунедарӕджы кадӕй.
Аарон уыцы ныхас израилӕгтӕн куы рафӕзмыдта, уӕд адӕм се ’ргом ӕдзӕрӕг быдырмӕ сарӕзтой — ӕмӕ дын сӕм ӕврагъӕй куы разынид Дунедарӕджы кад.
Моисей федта, адӕм Дунедарӕджы фӕдзӕхст кӕй сӕххӕст кодтой, ӕппӕт куыстытӕ дӕр кӕй фесты, уый ӕмӕ сын раарфӕ кодта.
Фидыды нывондӕн та гал ӕмӕ фыр ӕрбакӕнӕнт, цӕмӕй сӕ Дунедарӕджы раз нывондӕн ӕрхӕссой. Ноджы ма ӕрбахӕссӕнт сойамӕст хойраджы хуын. Дунедарӕг уӕм раргом уыдзӕн абон».
Моисей загъта: «Мӕнӕ уын цы бафӕдзӕхста Дунедарӕг, цӕмӕй уӕм Йӕ кад раргом уа, уый тыххӕй».
Фӕлӕ сӕ дзыллӕ дурты бын фӕкӕнынмӕ хъавыдысты. Ӕмӕ уӕд Дунедарӕджы кад разынди Фембӕлды Цатырӕй ӕппӕт израилӕгтӕм,
Корах ӕппӕт дзыллӕйы ӕрбамбырд кодта Моисей ӕмӕ Аароны ныхмӕ: Фембӕлды Цатыры бахизӕны раз лӕууыдысты. Ӕмӕ уӕд Дунедарӕджы кад Йӕхи равдыста дзыллӕмӕ.
Дзыллӕ куы ӕрбамбырд сты Моисей ӕмӕ Аароны ныхмӕ, уӕд Фембӕлды Цатыры ’рдӕм фӕкастысты ӕмӕ федтой: мигъ ӕй бамбӕрзта, ӕмӕ Дунедарӕджы кад Йӕхи равдыста.