17 Ноджы ма ӕрбахаста хойраджы хуын. Йӕ армы дзы систа ӕмӕ ма, сӕумӕрайсомы иууылсудзинагӕй уӕлдай, нывондхӕссӕныл уый дӕр басыгъта.
алы райсом ӕмӕ алы изӕр иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕныл Дунедарӕгӕн нывӕндтӕ хӕссын, Дунедарӕг Израилӕн кӕй бафӕдзӕхста, уыцы Ӕгъдауы ӕппӕт домӕнтӕм гӕсгӕ.
Соломон Тиры паддзах Хираммӕ минӕвӕрттӕ арвыста ахӕм курдиатимӕ: «Мӕ фыд Давид йӕхицӕн галуан куы арӕзта, уӕд ын хорз баххуыс кодтай, ӕрбарвыстай йын кедр бӕлӕсты хъӕдӕрмӕг.
Аароны байзӕддӕгтӕ уыдон иууылдӕр нывондхӕссӕныл басудзӕнт, сугты сӕрыл цы иууылсудзинаг ӕвӕрд ис, уыимӕ, — уый у арты нывонд, Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕф.
Ӕстӕм бон Моисей басидт Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕм, стӕй Израилы хистӕртӕм.
Йесо сын загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Адӕймаджы Фырты Буар куынӕ хӕрат ӕмӕ Йын Йӕ Тугӕй куынӕ нуазат, уӕд цард нӕ фендзыстут.
Ӕмӕ ныр ӕз нал цӕрын, фӕлӕ мӕ зӕрдӕйы цӕры Чырысти. Ӕмӕ нырма кӕд мӕ буары цӕрын, уӕд цӕрын ӕрмӕстдӕр, Чи мӕ бауарзта ӕмӕ мӕн тыххӕй Йӕхи нывондӕн Чи ӕрхаста, Хуыцауы уыцы Фыртыл ӕууӕндынӕй.