Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 9:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Уый фӕстӕ Аарон ӕрхаста нывӕндтӕ адӕмы тыххӕй. Адӕмы тӕригъӕдтӕ ныббарыны тыххӕй аргӕвста цӕу ӕмӕ йӕ тӕригъӕды нывондӕн ӕрхаста, уымӕй размӕ куыд бакодта, афтӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 9:15
11 Iomraidhean Croise  

Сауджынтӕ сӕ аргӕвстой ӕмӕ сын сӕ тугӕй нывондхӕссӕныл бапырх кодтой, цӕмӕй барст ӕрцӕуа ӕгас Израилы тӕригъӕд. Уымӕн ӕмӕ паддзах ӕгас Израилы тыххӕй бафӕдзӕхста иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ тӕригъӕды нывӕндтӕ ӕрхӕссын.


Дунедарӕджы фӕндӕй уыди Йӕ удхар, Уый Йын схай кодта хъизӕмӕрттӕ. Тӕригъӕды нывондӕн Ӕй куы ӕрхӕссай, уӕд фендзӕни Йӕ цоты, бирӕ фӕцӕрдзӕн ӕмӕ Дунедарӕджы фӕндон сӕххӕст кӕндзӕн.


Моисей бафарста, тӕригъӕды нывондӕн кӕй ӕрхастой, уыцы цӕу кӕм ис, зӕгъгӕ, ӕмӕ базыдта, ныридӕгӕн сыгъд кӕй ӕрцыди, уый. Моисей смӕсты ис Елеазар ӕмӕ Итамармӕ, Аароны фырттӕй ма удӕгасӕй чи баззади, уыдонмӕ. Загъта сын:


Аарон хуылфыдзаумӕттӕ ӕмӕ къӕхтӕ ныхсадта ӕмӕ сӕ иууылсудзинагимӕ нывондхӕссӕныл басыгъта.


Израилӕгтӕн бафӕдзӕхс, цӕмӕй тӕригъӕды нывондӕн ӕрбакӕной цӕу, иууылсудзинагӕн та — афӕдздзыд уӕныг ӕмӕ фыргуист, сӕ дыууӕ дӕр хъуамӕ уой ӕнӕсахъат.


Тӕригъӕдтӕ Кӕмӕ нӕ уыди, Уый мах сӕраппонд Хуыцау бафхӕрдта тӕригъӕдджыны бафхӕрӕгау, цӕмӕй Йӕ фӕрцы сраст уӕм Хуыцауы раз.


Чырысти нӕ сӕраппонд Йӕхи ӕрхаста нывондӕн, цӕмӕй нӕ фервӕзын кӕна алы тӕригъӕдӕй дӕр ӕмӕ Йӕхицӕн ссыгъдӕг кӕна, хорз хъуыддӕгтӕм чи тырндзӕн, ахӕм адӕм.


Йесо алцӕмӕй дӕр хъуамӕ уыдаид Йе ’фсымӕрты хуызӕн, цӕмӕй Хуыцауы раз суа уарзӕгой ӕмӕ иузӕрдион Алчер ӕмӕ, цӕмӕй адӕмы тӕригъӕдтӕ барст ӕрцӕуой, уый тыххӕй Йӕхи нывондӕн ӕрхӕсса.


Уымӕ гӕсгӕ уый хъуамӕ йӕхи тыххӕй дӕр хӕсса тӕригъӕды нывӕндтӕ ӕмӕ адӕмы тыххӕй дӕр.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan