Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 9:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Аарон хуылфыдзаумӕттӕ ӕмӕ къӕхтӕ ныхсадта ӕмӕ сӕ иууылсудзинагимӕ нывондхӕссӕныл басыгъта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 9:14
4 Iomraidhean Croise  

Ӕрдӕгфых кӕнӕ йӕ доны фыхӕй ма хӕрут, кусарт-иу ӕнӕхъӕнӕй — ӕд сӕр, ӕд къӕхтӕ, ӕд хуылфыдзаумӕттӕ — арты сӕрмӕ сфизонӕг кӕнут.


Уый фӕстӕ йын Моисей йӕ хуылфыдзаумӕттӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ доны ныхсадта ӕмӕ уыдон дӕр нывондхӕссӕныл басыгъта. Уый уыди иууылсудзинаг нывонд, Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн, арты нывонд, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.


Иууылсудзинаджы уӕнгтӕ ӕмӕ сӕр ӕм балӕвӕрдтой, ӕмӕ сӕ нывондхӕссӕныл басыгъта.


Уый фӕстӕ Аарон ӕрхаста нывӕндтӕ адӕмы тыххӕй. Адӕмы тӕригъӕдтӕ ныббарыны тыххӕй аргӕвста цӕу ӕмӕ йӕ тӕригъӕды нывондӕн ӕрхаста, уымӕй размӕ куыд бакодта, афтӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan