13 Иууылсудзинаджы уӕнгтӕ ӕмӕ сӕр ӕм балӕвӕрдтой, ӕмӕ сӕ нывондхӕссӕныл басыгъта.
Йӕ базыртыл ын, скъуынӕгау, фӕйнӕрдӕм ахӕцӕд, фӕлӕ йӕ дыууӕ дихы ма фӕкӕнӕд, нывондхӕссӕныл ӕй сугӕй арты басудзӕд. Уый у иууылсудзинаг нывонд, ӕхцон хӕрздӕф, арты нывонд Дунедарӕгӕн.
Аароны байзӕддӕгтӕ, сауджынтӕ, сугты сӕрыл кусарты уӕнгтӕ равӕрӕнт, йӕ сӕр ӕмӕ йӕ фиу дӕр семӕ куыд уой, афтӕ.
Аарон аргӕвста иууылсудзинаг нывонд. Йӕ фырттӕ йӕм балӕвӕрдтой нывонды туг, ӕмӕ дзы уый нывондхӕссӕн алырдыгӕй бапырх кодта.
Аарон хуылфыдзаумӕттӕ ӕмӕ къӕхтӕ ныхсадта ӕмӕ сӕ иууылсудзинагимӕ нывондхӕссӕныл басыгъта.