12 Аарон аргӕвста иууылсудзинаг нывонд. Йӕ фырттӕ йӕм балӕвӕрдтой нывонды туг, ӕмӕ дзы уый нывондхӕссӕн алырдыгӕй бапырх кодта.
Аарон Моисейӕн дзуапп радта: «Абон Дунедарӕджы раз ӕрхастам тӕригъӕды нывонд ӕмӕ иууылсудзинаг нывонд, фӕлӕ ныл цы ’рцыди, уый ӕрцыд. Ӕмӕ ацы бон тӕригъӕды нывондӕй куы бахордтаин, уӕд уый, ау, Дунедарӕгмӕ хорз фӕкастаид?»
Йӕ фыд ӕмӕ йӕ царм та йын рӕсӕнуаты ӕдде басыгъта.
Иууылсудзинаджы уӕнгтӕ ӕмӕ сӕр ӕм балӕвӕрдтой, ӕмӕ сӕ нывондхӕссӕныл басыгъта.
Уый фӕстӕ уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ ӕрхаста иууылсудзинаг нывонд.
Йӕ фырттӕ йӕм нывонды туг балӕвӕрдтой. Уый дзы йе ’нгуылдз стылдта ӕмӕ нывондхӕссӕны сыкъатӕ сахуырста. Тугӕй ма цы баззад, уый та нывондхӕссӕны рӕбын акалдта.
Кӕрӕдзийы уарзгӕйӕ цӕрут, Чырысти мах куыд бауарзта ӕмӕ нӕ сӕраппонд Хуыцауӕн ӕхцон хӕрздӕф нывондӕн Йӕхи куыд ӕрхаста, афтӕ.